Дзæуджыхъæу æмæ Аланийы алчер йæ рухсдзинад Леониды Цыппурсы арфæйы фыстæг

Дзæуджыхъæу æмæ Аланийы алчер

йæ рухсдзинад Леониды

 

ЦЫППУРСЫ АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ

 

Дзæуджыхъæу æмæ Аланийы епархийы

сауджынтæ, диакъонтæ, моладзантæ æмæ Хуыцаумæ кувæг æппæт дзыллæмæ 

 

 

Зынаргъ сауджынтæ æмæ диакъонтæ, æфсымæртæ æмæ хотæ!

Зæрдæбын арфæ уын кæнын Цыппурсы стыр бæрæгбоны, Рӕстдзинады Хур, Фидауынгӕнӕг ӕмӕ адӕмы мӕлӕтӕй Бахизӕг Ирвӕзынгӕнӕг Чырыстийы Рухсрайгуырды фӕдыл!

Хуыцауы Фырты буарон рантыст канд нæ фервæзыны историйы сæйраг цау нæу, фæлæ ма уыимæ, Сыгъдæг Фыст куыд амоны, афтæмæй у, зæгъæн дæр кæмæн нæй, чырыстон дины ахæм стыр сусæгад дæр (1 Тим 3:16). Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы бафӕндыди адӕймагау буардзыд суӕвын, цӕмӕй нын нӕ ӕрдзыхъӕд баиу кӕна Хуыцауон ӕрдзыхъӕдимӕ ӕмӕ нын уый фӕрцы Хуыцауимӕ баиу кӕныны фадат ратта. Евангелистты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Чырыстийы райгуырды цау у, рагфӕдзӕхстон дунефӕлдисыны хъуыддӕгтӕй стырдӕр чи у, Хуыцауы уыцы дунефæлдисæн архайды ахӕм ног цау.

 Чырыстийы Рухсрайгуырд у, пехуымпартӕ кӕй кой кодтой, Хуыцауы уыцы адӕмфервӕзӕн стыр хъуыддаджы иу хай ӕмӕ  ма уыимӕ – Хицау Йесойы дзыллӕтӕн лӕггады райдиан дӕр. Ацы бӕрӕгбон дун-дунейӕн лӕвар кӕны Мессиайы, Давиды фырт-паддзахы. Чырыстийы Рухсрайгуырд ӕрцыди чысыл палестинаг сахар Вифлеемы, фӕлӕ басгуыхти ӕгас дунейы историйы стыр ӕмӕ ахадгӕ цау; ууыл дзурӕг у Хуыцауон Саби Йесойы райгуырды рӕстӕджы мин-мин зӕдтӕ кӕй ныззарыдысты: «Табу Хуыцауӕн уӕлӕрвты, а зӕххыл та – фарн» (Лк 2:14) .

Фӕстаг ӕртӕ ӕнусы дӕргъы Чырыстийы Рухсрайгуырды бӕрӕгбонӕй нӕ Фыдыбӕстӕйы ахицӕн вӕййы ивгъуыд аз, ӕмӕ ралӕууы Хуыцауы хӕрзаудӕны ног аз. Мӕнӕ та ныр дӕр нӕ къах бавӕрдтам 2017 азмӕ. Иу ӕнус рацыди, ӕгас Уӕрӕсе ӕмӕ нӕ райгуырӕн Ирыстон–Аланийы удварны фидар фӕтк ӕмӕ царды бындур чи фехӕлдта, уыцы карз змӕстӕй. Революцийы дугӕй бирӕ раздӕр Чырыстингӕс Серафим Сароваг, йӕ сыгъдӕг удӕй фидӕны хабӕрттӕ уынгӕйӕ, загъта: «Хуыцау батӕригъӕд кӕндзӕни Уӕрӕсейӕн ӕмӕ йын бирӕ хъизӕмӕртты фӕстӕ стыр кад саккаг кӕндзӕн». Абон Хуыцауӕнтабугӕнӕг Уӕрӕсейы сыгъдӕг хъӕбулы ныхӕсты сӕххӕст мах уынӕм нӕхи цӕстытӕй. Уӕлдай зӕрдӕрухс стӕм, ивгъуыд азы сыгъдӕг Серафимы стӕгхай Дивеевойы моладзандонӕй Дзӕуджыхъӕуы кафедралон аргъуанмӕ хаст кӕй ӕрцыдис, уымӕй. Уыцы ӕрбахаст стыр цины хос басгуыхти нӕ республикӕйы мингай чырыстӕттӕн ӕмӕ йӕ стыр бӕрӕгбонау айстой сӕ зӕрдӕмӕ.

Нӕ Ирыстон-Аланийы мах абон дарддӕр архайӕм куыд зӕронд аргъуанты сцалцӕг, афтӕ ног аргъуантӕ сырӕзтыл дӕр. Дарддӕр зӕрдӕргъӕвдӕй кусӕм аргъуыды фӕтк фӕстӕмӕ ирон ӕвзагыл сӕндидзыныл. Лӕмбынӕг нӕ хъус дарӕм, цӕмӕй аргъуаны алывӕрсон цард алцыппӕтӕй дӕр фӕхуыздӕр уа. Уыимӕ, Дзӕуджыхъӕуы епархийы раз цы вазыгджын фарстатӕ лӕууы, уыдон скъуыддзаг кӕнӕм Аланийы Чырыстон дин райсыны 1100 стыр юбилеймӕ цӕттӕ кӕныны фӕлгӕтты. Дызӕрдыггаг нӕу, ацы цины бон  ӕмбӕлон ӕмвӕзадыл сбӕрӕг кӕнын къухы ӕнӕмӕнг бафтдзӕни, Чырыстон Аргъуан, хицауад ӕмӕ ӕхсӕнад зӕрдӕхӕлар ӕмӕ ӕмвӕндӕй иумӕ куы бацархайой, уӕд. Нӕ иумӕйаг куысты нысан у канд Рӕстуырнӕг Чырыстон дин сӕндидзын кӕнын нӕ, фӕлӕ ма, Хуыцауы фӕндӕй, нӕ национ культурӕйы бӕркадыл сахадын дӕр.

Аргъуаны раз абон цы хӕстӕ ис, уыдонӕн сӕххӕст кӕнӕн нӕй, нӕ Фыдыбӕстӕ нын алывӕрсонӕй чи фидар кӕны, ӕнӕ уыцы мадзӕлттӕ хынцгӕйӕ. Мах ӕргомзӕрдӕйӕ цӕттӕ стӕм алы пайдахӕссӕг ӕмгуыстадмӕ дӕр ӕмӕ нӕ зӕрдӕ дарӕм, хицауад ӕмӕ ӕхсӕнадимӕ цы диалог райдыдтам, уый ног азы ӕнтыстджынӕй кӕй адарддӕр уыдзӕн, ууыл. Ныфсджынӕй кӕсӕм фидӕнмӕ, нӕ зӕрдӕ фидар у, Хуыцау нын Йе стыр ӕххуыс кӕй нӕ бахӕлӕг кӕндзӕн, уыцы хъуыдыйӕ, ӕмӕ фидарӕй-фидардӕр кӕны не ʽууӕнк Дунесфӕлдисӕгыл, ӕвидигӕ сты нӕ уарзт ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгарддзинад. Иууылсыгъдӕг Чызг Майрӕмӕй райгуырӕг Дунеирвӕзынгӕнӕг нын ахӕм фарн ӕмӕ амонд раттӕд, цӕмӕй Хуыцаумӕ уарзт, сыгъдӕг куывдтытӕ, тӕригъӕдтыл фӕсмон кӕнын ӕмӕ Чырыстийы Сыгъдӕг Нывондӕй аходыны фӕрцы мах кӕддӕриддӕр зӕрдӕрухс уӕм. 

Кадджын сауджынтӕ ӕмӕ диакъонтӕ, зынаргъ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ, ноджы ӕмӕ ма уын ноджы зӕрдӕбын арфӕ кӕнын! Чырыстийы Рухсрайгуырды бӕрӕгбоны хорзӕх уӕ уӕд! Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы Хуыцауы стыр ӕххуыс уӕ хорз хъуыддӕгты! Фарнимӕ уӕд уӕ алы фезмӕлд дӕр, сабырдзинад, бӕркад, ӕнӕниздзинад ӕмӕ уын бирӕ цӕрӕнбон раттӕд!. Хуыцауӕй арфӕгонд уӕнт нӕ уарзон Ирыстон ӕмӕ не стыр Фыдыбӕстӕ  Уӕрӕсе!

Дзæуджыхъæу æмæ Аланийы алчер ЛЕОНИД

 

2017 азы Цыппурс

Дзæуджыхъæуы сахар