В дореволюционном Владикавказе было 30 православных храмов - приходских и домовых. В результате трагических событий начала XX века большинство из них были разрушены или переделаны под другие нужды. В цикле передач "Фӕд" на телеканале "Иристон" режиссер Альбина Габуева рассказывает о судьбе этих храмов.
Александр Невский – Уӕрӕсейы кадджындӕр паддзӕхтӕй иу, ӕфсадфӕтӕг, æрхъуыдыджын хæстон æмæ разамонæг, стæй сыгъдӕг лӕджы кæмæн радтой , уыдонæй иу. Адæмæй уæлдай уарзон у. Невскийы номыл конд аргъуан Дзæуджыхъæуы уыд йӕ ном хӕссӕг фӕзуатыл. Самадтой йӕ 78-æм Навагины номыл полчы хӕстонтӕ. Аргъуан тынг стыр нӕ уыдис. Къултӕ дурӕй, мидæгæй та æгасæй дæр хъӕдырмӕгӕй конд. Уыдис дзы дзӕнгӕрӕгдон, хицӕн цыппаруатон æгъуысты та куыста скъола. 1930 азты аргъуан куы ныппырх кодтой, уӕд æй Жуковскийы паркимӕ баиу кодтой. Уӕлмӕрд слӕгъз кодтой, ингӕнтӕ дзы нал уыдис. Чи дзы ныгæд уыд, уый ныр нал базондзыстӕм.