«ЦымÆ Æз дÆр цÆрынÆн райгуырдтÆн /Неужели я тоже для жизни родилась?».

 

2-возрастная категория.

I-место.

Туаева Диана Ирбековна/Туаты Дианае Ирбеджы чызг

«Цымӕ ӕз дӕр цӕрынӕн райгуырдтӕн /Неужели я тоже для жизни родилась?».

(г. Ардон)

2017

 

Рагӕй мӕ фӕндыд мӕ мадӕн йӕ фыды мад, нанайы уӕззау цӕрды хабӕрттыл ӕрдзурын, исчи сӕ куы бакӕсид ӕмӕ йын куы батӕригъӕд кӕнид, кӕд ын мӕрттыбӕсты йӕ зӕрдӕмӕ иу гыццыл рухсы цъыртт бауадзин. Уый ӕз Кӕсойты Еленӕйы кой кӕнынмӕ хъавын. Фӕнды мӕ фехъусой адӕм, уыцы ӕвзонг уд йӕ рӕстӕджы цы стыр уӕззау цард бавзӕрста, хӕст ӕм йӕ дӕрзӕг къухӕй куыд ӕввахс бавнӕлдта, куыд бавзӕрста царды уӕззаудӕр фыдӕхтӕ: хӕст, ӕххормаг, уазал, идӕдз ӕмӕ ма ноджыдӕр сидзӕрты мӕгуырдзинӕдтӕ. Еленӕ –иу афтӕ дзырдта: - Мӕ царды мидӕг иу бон дӕр нӕ хъуыды кӕнын мӕхи амондджын ӕмӕ ӕнӕмӕтӕй. Йӕ сабийы бонтӕй йӕ амӕлӕты бонмӕ иууылдӕр уыд мӕт ӕмӕ зындзинӕдты мидӕг фых. Тынг ӕй фӕндыд йе ᾽мгӕрттимӕ уый дӕр Ксаны хъӕуы цыппаразон скъоламӕ куы бацӕуид, фӕлӕ хъысмӕтӕн цы загъдӕуа. Мад уатон рынчын, дзаума нӕй, къӕхтӕ бӕгъӕмвад ӕмӕ та-иу йе ᾽мгӕртты фӕстӕ кӕсгӕйӕ баззад. Иу бон куы уыд, уӕд йӕ мад куы афынӕй, уӕд ӕй йӕ къӕхтӕ скъолайы кӕртмӕ бахастой. Къласӕй хъуыст ахуыргӕнӕг Чъыбылты Катяйы ныхас:

- Сывӕллӕттӕ бӕстон ма ӕрбакӕсут фӕйнӕгмӕ. Ай у дамгъӕ «А», ӕмӕ иууыл иумӕ ныззӕлыд сывӕллӕты хъӕр «А…А…А…!». Мӕ фыр хӕлӕгӕй дуары къӕсӕрыл ӕрхуыссыдтӕн ӕмӕ уӕлӕ уынын фӕйнӕг. Фӕстӕмӕ фӕндагыл фелвӕстон дуры къӕртт ӕмӕ зӕххыл афыстон «А». Афтӕ сахуыр дӕн сусӕгӕй алы бон скъолайы кӕртмӕ ӕмӕ тагъд рӕстӕгмӕ мӕ ном фыссын базыдтон. Бирӕ хатт мын ме ҆мгӕрттӕ дӕр ӕххуыс кодтой. Уалынмӕ Еленӕйы фыд дӕр ӕрбамард, рынчын мад, хо ӕмӕ ӕфсымӕр баззӕдысты Еленӕйы ӕвджид. Адӕм хорз кӕм не сты, дзырдта-иу нӕ нана, хъӕубӕстӕ къусгай бамбырд кодтой ссад, авггай арахъ ӕмӕ мын мӕ фыды афтӕ баныгӕдтой. Сӕрдыгон сын ницы уыд, кӕм битъна тыдтой, кӕм кӕрдӕджытӕй сурвых, кӕм хуыскъӕлы къахтой, хъӕддаг дыргътӕ, фӕлӕ зымӕджы коййӕ Еленӕйӕн йӕ зӕрдӕ уынгӕг кодта, раст – иу сывӕллонау йӕ цӕссыгтӕ ӕруагъта. Мӕ мад куы фӕсӕрӕн, дзырдта Еленӕ, уӕд мӕ скъоламӕ бахуыдта. Катя сабыргай афтӕ бакодта: - Йе҆ мбӕлттӕ кӕсын фыссын зонынц ӕмӕ сӕ куыд раййафдзӕн, фӕстейӕ куы баззайа. Фӕлӕ йын куы федта йӕ фыстытӕ, ӕмӕ куыд кӕсы уый, уӕд ӕй разӕй абадын кодта. Йӕ сабийы бонӕй йӕ сывӕллӕттӕ цалынмӕ бахъомыл сты, уӕдмӕ зымӕг йӕ къӕхтӕ никуы стӕфстысты, афтӕ–иу дзырдта Еленӕ. Уый ууыл дзурӕг у ӕмӕ йӕ чындзы ацыды дӕр хуыздӕр ран нӕ уыд. Йӕхӕдӕг ӕфсӕрмы кодта йӕхи кой ракӕнынмӕ хорзырдӕм, фӕлӕ адӕмы ныхӕстӕм ӕмӕ йӕ къаммӕ гӕсгӕ уыд тынг рӕсугъ чызг.


Хӕстӕй нӕ тӕрсын, уыд йӕ ныхас, фӕлӕ куыд уыдзыстут смах? Цы хӕрдзыстут? Хӕдзар афтид, суг нӕй. Мыййаг цы нӕ вӕййыКъоста райсомӕй йӕхи рӕвдз кӕнгӕйӕ фӕдзӕхста сывӕллӕтты Еленӕйӕн. Уалынмӕ дуар чидӕр ӕрбахоста: - Дӕумӕ кӕсынц, машинӕ дуармӕ лӕууы. Еленӕ фесхъиудта, йӕхи йӕ мойыл баппарынмӕ хъавыд, фӕлӕ ирон ӕфсармы сӕрты нал ахызт. Цыдӕр ӕмбӕхст хабар дзуринаг уыд Къостайӕн, фӕлӕ та ӕфсарм, йӕ бон ӕй нӕ баци зӕгъын, стӕй ма уый тыххӕй дӕр мӕт кӕна хӕсты быдыры, зӕгъгӕ. Къоста фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕсгӕнгӕйӕ цыд, цыма зыдта фӕстаг хатт уыны йӕ бинонты, уыйау. Еленӕ бамбӕрста, далӕ йӕ уды хай фӕирвӕрзы, цы зӕгъынмӕ йын хъавыд, уый куы нӕ базона, уӕд искуы дам-думты хай куы фӕуа. Мӕшинӕйы фӕстӕ иу дзӕвгар ауад ӕмӕ йӕм йӕ къух батилы. Къоста бамбӕрста цыдӕр зӕгъынмӕ йын кӕй хъавы ӕмӕ машинӕйы гуыффӕйӕ ӕргӕпп кодта. Еленӕ бамбӕрста, мӕнӕ ма йын фӕстаг минуттӕ, цӕмӕй зӕгъа йӕ зӕрдӕйы сусӕг ныхас Къостайӕн. Йӕхи фӕтыхджын кодта ӕмӕ йын йӕ хъусы бадзырдта: - «Мыййаг ӕртыккаг хъӕбул куы ӕрыййафай, уӕд ӕй зон, дӕу у». Къоста хӕрдмӕ фӕхауд, фырцинӕй ӕви фыр мӕтӕй, уый Еленӕ нал бамбӕрста. Кӕд мыййаг фӕтарст ӕртӕ сывӕллонӕн иунӕгӕй цы кӕндзынӕн. Йӕхи йыл ӕрбаппӕрста ӕмӕ хъӕрӕй ныххудт: -Уый лӕппу уыдзӕн, лӕппу! Æз ӕй фыны федтон! Йӕ ном та Георги хуындзӕн! Уый уыдис сӕ фӕстаг фембӕлд Къостаимӕ.

Йӕ хӕстӕджытӕ Еленӕйы чындзы дӕр афтӕ радтой ӕмӕ йӕ удыхайы Сохъуырты Къостайы никуыдӕр федта. Къоста разынд тынг ӕгъдауджын ӕмӕ ӕмбаргӕ лӕппу. Тынг тырныдта кӕд мӕгуыр лӕппу уыд уӕддӕр, цӕмӕй йын тынг зын ма уа искӕй хӕдзары, ӕххуыс сын кодта лӕгдыхӕй Еленӕйы бинонтӕн. Тагъд сын фӕзынд лӕппу Суликъо ӕмӕ чызг Мери. Фӕлӕ мӕгуырыл дур хӕрдмӕ тулы, райдыдта Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст ӕмӕ Къостамӕ ӕрсидтысты цалдӕр боны фӕстӕ. Хӕдзармӕ бацыд тынг фӕлурсӕй, йӕ къухты гӕххӕтты гӕбаз афтӕмӕй.

Фронтӕй ма райста фыстӕг ӕмӕ дзы фыста афтӕ: - Куыд у ме ҆нӕзонгӕ фырт? Куы райгуыра, уӕд ын мӕ бӕсты аба кӕн. Сывӕр ыл Георги. Уый дӕр та уыд йӕ фӕстаг фыстӕг. Бӕргӕ ма йӕм фыста Еленӕ, кӕй райгуырд ӕцӕгӕйдӕр лӕппу ӕмӕ йӕ рахуыдта Георги, фӕлӕ йӕ фехъуыста ӕви нӕ, уый нал базыдта Еленӕ. Афтӕмӕй 22 аздзыд ӕвзонг сылгоймаг баззад сидзӕргӕсӕй, ӕртӕ сывӕллонимӕ, афтид хӕдзары. Йӕ хъизӕмары цӕрдыдтӕ дзурын-иу нӕ фӕрӕзта, йӕ кӕуындзӕгиу йӕ хъуыры абадт. Сывӕллӕтты алы бон рӕвдыдта уымӕй, мӕнӕ уӕ фыд куы сыздӕха, уӕд уын алцы дӕр уыдзӕн. Фӕлӕ уыдон уыдысты йӕ фӕндиӕгтӕ. Георгийыиу йӕ файнустимӕ иумӕ быдырмӕ ахастой ӕд авдӕн ӕмӕ кусынмӕ афтӕмӕ цыд, иннӕтӕ сывӕллӕттӕ та кӕрӕдзийы ӕвджид. Бирӕ ӕххормаг ӕмӕ уазал ӕхсӕвтӕ арвыста цӕссыгимӕ мӕгуыр сидзӕрты хицау, иу сывӕллон риуыл, иннӕтӕ дӕ фӕрстӕм, цӕмӕй сын тынг уазал ма уа. Ахӕм мӕгуыры бонтӕй сӕ хаста йӕ удыхаймӕ ӕнхъӕлмӕкӕсгӕйӕ. Хӕст куы фӕци, уӕддӕр алы бон фӕндӕгтӕм кӕсгӕйӕ йӕ мӕгуыры бонтӕ ӕрвыста, фӕлӕцы? Быдыры куыста бон изӕрмӕ, ӕхсӕв та йӕ хӕдзары куыстытӕ. Йӕ цӕстытӕиу донӕй байдзаг сты, куы - иу мысыд быдыры куыд куыста ӕххормаг гуыбынӕй, уӕд. Сихор быдыры кусгӕйӕ хордтой иууылдӕр иумӕ, уымӕн ӕмӕ-иу бирӕтӕм нӕ уыд цы рахӕсса хӕдзарӕй ӕмӕ дих кодтой сӕ къӕбӕр. Алкӕмӕн йӕ къухмӕ лӕвӕрдтой кӕрдзын, кӕнӕ дзулы къӕбӕр ӕмӕ дон, бирӕ хатт та сылыйы мур. Еленӕйӕн иу йӕ цӕсгом ӕрбатар, уыцы хабар дзургӕйӕ. Мӕ кӕрдзыны муриу куы систон мӕ былтӕм, уӕд-иу ме ҆ххормаг сывӕллӕттӕ мӕ цӕстыты раз февзӕрдысты. Мӕ былтылиу ӕй авӕрдтон, цӕмӕй адӕм банхъӕлой хӕрын ӕз дӕр, фӕлӕиу мӕ къӕбӕр мӕ роны амбӕхстон мӕ сывӕллӕттӕн. Изӕрӕй-иу мӕ размӕ дугъ кодтой, зыдтой йӕ мӕ къӕбӕр та мӕ ронӕй райсдзынӕн ӕмӕ мӕм уымӕн ӕнхъӕлмӕ кастысты. Хор исыны афон мын ӕнцондӕр уыд, мӕ дзыппыиу мӕнӕуы ӕфсиртӕ ӕртымбыл кодтон, сусӕгӕй-иу сӕ азгъӕлстон ӕмӕ сӕ ӕууылдтон бон изӕрмӕ, дзырдтаиу Еленӕ. Хӕдзармӕ дӕр райдыдта хӕссын мӕнӕуы ӕгъзӕлст ӕмӕ натхоры зокъыртӕ. Дзырна сын фыхта ӕмӕ уӕд гыццыл сӕ цард фӕхуыздӕр. Бригадир Сергей бамбӕрста йӕ дзыппы мӕнӕу кӕй рахӕссы ӕмӕ йӕ сусӕгӕй бафӕдзӕхста, мачи дӕ фенӕд, кӕннод алчидӕр райдайдзӕн хӕссын. Тынг зын ын уыд, уыцы ныхас, фӕлӕ Сергей фӕраздӕр: - Дӕуӕн ӕндӕр гӕнӕн нӕй, ӕртӕ сывӕллон исгуыдты рахӕссын хъӕуы, дӕу тыххӕй ницы зӕгъын.

Арӕх куывдта Еленӕ Стыр Хуыцаумӕ, алы изӕр дӕр йӕ хъӕбулты фӕдзӕхста уымӕн. Иу бон уыд афтӕ ӕмӕ райсомӕй цы бахӕрдзысты, уый нӕ зыдта, ӕхсӕв бонмӕ фынӕй нӕ кодта фыр мӕтӕй. Уӕд цыма йӕ хъустыл ауад, ӕви фын ауыдта, уый нӕ рахатыд: «Бафынӕй кӕн, мӕт ма кӕн. алцыдӕр та уыдзӕн». Куы рбабон, уӕд сӕ хъӕуггаг лӕг Хъызларӕй ссыд, йӕ фӕндаг Еленӕтыл акодта, фӕцинтӕ кодта сывӕллӕттыл ӕмӕ ацыд. Еленӕ уый фӕстӕ сывӕллон систа ӕмӕ зӕххыл цыдӕр гӕххӕттытӕ ӕрхауд. Фелвӕста ӕмӕ дыууӕ дыууын фондз сомы. Йӕ цинӕн ма кӕм уыд кӕрон. Йӕ фын йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд ӕмӕ Хуыцауӕн раарфӕ кодта, ахӕм уазӕг ӕм кӕй ӕрбарвыста.

Ахӕм мӕгуыры бонтӕй фӕхаста йе᾽ртӕ хъӕбулы Еленӕ. Йӕ лӕджы къамы раз арӕх лӕууыд ӕмӕиу бустӕгӕнгӕ дзырдта: - Дӕуӕн дӕр зын уыд, фӕлӕ ды ницы федтай хӕст ӕмӕ мӕлӕтӕй дарддӕр, ӕз дывыдон арты сыгъдтӕн цӕрӕнбонты. Мӕ зӕрдӕйы уидӕгтӕ ӕвӕццӕгӕн сау сыгъд баисты, мӕ мӕгуыр цӕрдтытӕй ӕмӕ мӕ хъӕбулты мӕгуырдзинадӕй. Ды мӕнӕй гыццыл амондджын дӕр дӕ, ды хъӕбулты ӕххормагдзинад уӕддӕр нӕ федтай. Ӕз абоны бон дӕр, уыцы тасӕй не суӕгъд дӕн, мӕ уӕнгы баззад. Афтӕ мӕм фӕкӕсы ӕз куы бахӕрон, уӕд мӕ цот ӕххормагӕй баззайдзысты, алцӕмӕн дӕр фӕуынӕй тӕрсын. Ӕвӕрӕнтӕ ахуыр ӕсдӕн ӕмӕ алцыдӕр фӕсфӕд фӕкӕнын, кӕд ӕмӕ абоны бон алцыдӕр ис, уӕддӕр.

Еленӕ амонд нал ссардта, фӕцард йӕ зӕронды бонмӕ иунӕгӕй, рох дӕр ма дзы фӕцис амонд цы у, уый.

Мӕ мады мысинӕгтӕй иу мӕхимӕ дӕр худӕг фӕкаст, ӕз нырма гыццыл уыдтӕн, уыцы рӕстӕг. Мӕ мад иу изӕр Еленӕмӕ худгӕйӕ бакаст ӕмӕ йын афтӕ: -Нана! Иу цӕмӕйдӕр дӕ бафӕрсин ӕмӕ мӕм куы фӕхъыг уай.

Еленӕ йӕ лӕгӕн рухс кӕнын никуы бауагъта, цалынмӕ ӕз ӕгас дӕн, уый дӕр ӕгасыл нымайут, ӕз куы амӕлон, уӕд нын иумӕ схист кӕнут. Ӕрмӕст уымӕн хицӕн алцыдӕр, кусӕрттагӕй - нозты онг. Еленӕйы мӕлӕты бон йӕ цот сыххӕст кодтой сӕ мады фӕдзӕхст. Алцыдӕр куыд фӕдзӕхста, афтӕ йын сарӕзтой, ӕгӕрыстӕмӕй ма сын марды дур дӕр иумӕ иу дурыл скодтой. Дыууӕ ингӕныл иу дур, фӕлӕ дзы иу ингӕн у афтид. Кӕд мӕрдты бӕсты исты ис, уӕд уым уӕддӕр ут иумӕ, уым уӕддӕр фенут амонд. Уӕ хъӕбултӕ ӕмӕ хъӕбулы хъӕбултӕн таарфӕ ракӕнут уыцы бӕстӕй.-Нӕ, мӕ хур, нӕ. Зӕгъ ӕй. Нӕ мын уыдзӕн хъыг. Мӕ мад ӕй бафарста: - Нана зӕгъӕм ныртӕккӕ дуар чидӕр ӕрбахоста, ды акастӕ ӕмӕмӕнӕ Къоста. Куыд кӕнис? Фӕндид дӕ, йе ᾽рбацыд? Иу дзӕвгар мидбыл худгӕ алӕууыд, стӕй бахудт. Уый мӕ сонты бонӕй фӕстӕмӕйы бӕллицц у. Фӕлӕ ма ныр цы? Уый тынг зын фарст у? Дзуапп мӕм нӕй, фӕлӕ ӕвӕццӕгӕн нал хъӕуид. Ныр ӕвӕццӕгӕн зӕронд уаид, ӕцӕгӕлон адӕймаг махӕн ӕмӕ ма цӕмӕн хъӕуы.

Еленӕ арӕх фарста йӕхи: - Цымӕ ӕз дӕр цӕрынӕн райгуырдтӕн? Фӕлӕ уыцы фарстӕн дзуапп ниуы ссадта. Загъта-иу. Ӕвӕццӕгӕн - фыдӕбонӕн.