ДЗÆУДЖЫХЪÆУ ÆМÆ АЛАНИЙЫ СТЫРАЛЧЕР ГЕРАСИМЫ ЦЫППУРСЫ АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ

Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Аланийы стыралчер

Йӕ Иууылрухсдзинад ГЕРАСИМЫ

 

ЦЫППУРСЫ АРФӔЙЫ ФЫСТӔГ

 

Уырыссаг Рӕстдин Аргъуаны  Дзӕуджыхъӕуы епархийы монад, моладзантӕ ӕмӕ кувӕг адӕммӕ

Чырыстийы ӕмдзинады кӕрӕдзийӕн уарзон сауджынтӕ, диакъонтӕ, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ!

Зӕрдӕбынӕй уын арфӕ кӕнын нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Рухсрайгуырды стыр бӕрӕгбоны фӕдыл!

Хуыцауы литургийы абоны апостолон бакасты мах хъусӕм фыццагуӕлион Павелы ныхӕстӕ: «Афон куы ӕрцыди, уӕд Хуыцау рарвыста, сылгоймагӕй Чи райгуырд ӕмӕ Ӕгъдауы дӕлбар Чи уыд, Йӕ уыцы Иунӕг Фырты, Ӕгъдауы дӕлбар чи у, уыдоны балхӕнынмӕ, цӕмӕй нӕ Йӕхицӕн хъӕбултӕ скӕна. Хуыцауы хъӕбултӕ кӕй стут, уымӕ гӕсгӕ Хуыцау нӕ зӕрдӕты ӕрцӕрын кодта Йӕ Фырты Уды… Уымӕ гӕсгӕ ды цагъар нал дӕ, фӕлӕ хъӕбул; ӕмӕ кӕд хъӕбул дӕ, уӕд дӕ Чырыстийы фӕрцы Хуыцау Йӕ бындар скодта» (Гал 4: 4–7).

Дзырды Хуыцауы Рухсрайгуырды стыр цау адӕм ӕмӕ ӕгас дунесконды историйы дӕр басгуыхти, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, адӕмӕн ахӕм хуыцауон лӕвӕрттӕ  ӕрхӕссӕг цӕхгӕр фӕзилӕн. Уыцы ӕвӕджиауы лӕвӕрттӕн сӕ фыццаг уыди нӕ сӕрвӕлтау  ахӕстаргъ бафидын. Апостол зӕгъы: «Ӕгъдауы ӕлгъыстӕй нӕ фервӕзын кӕныны тыххӕй уыцы ӕлгъыст Чырысти Йӕхиуыл ӕруагъта» (Гал 3:13). Бардарӕг дунемӕ ӕрцыди, цӕмӕй нӕ бӕсты ахӕстаргъ бафида ӕмӕ нӕ бахиза, Хуыцауимӕ тӕхудиаджы цардӕй нӕ чи цух кӕны, Адам ӕмӕ Евӕйы уыцы тӕригъӕдраконды фӕстиуджытӕй. Дунескӕнӕг ӕмӕ адӕмы кӕрӕдзийӕ уыцы фӕхицӕнӕн адӕймаджы амӕлӕт дӕр кӕрон не ’вӕрдта, Хуыцау ӕмӕ адӕм кӕрӕдзийӕ иртӕст уыдысты мӕрдты бӕсты дӕр, ӕмӕ уыцы уавӕрӕй хи бахизын суанг рагфӕдзӕхстон рӕстудтӕн дӕр сӕ бон нӕ уыд. Йӕ дзуарылтыгъд амӕлӕты фӕстӕ Бардарӕг зындонӕй ракодта сыгъдӕджыты удты, цӕмӕй ӕнустӕм Йемӕ уой Хуыцауы Паддзахады. Уыйадыл айсӕфти фыдӕх Хуыцау ӕмӕ адӕмы ӕхсӕн, ӕмӕ зӕххыл ралӕууыд, Ирвӕзынгӕнӕг куы райгуырд, уӕд зӕдтӕн сӕ зарӕджы сӕр чи уыди, Чырысти кӕй тыххӕй рантыст, уыцы сабырдзинад.

Йӕхицӕн нӕ хъӕбултӕ кӕй загъта, уый, апостол Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, у Чырыстийы Рухсрайгуырды ӕрхӕсгӕ ӕвӕджиауы хӕрзтӕн сӕ дыккаг. Уый уыди Чырыстийӕн Йӕ дунемӕрцыд ӕмӕ адӕмы сӕрвӕлтау ахӕстаргъ бафидыны нысан. Не ’лгъыст нын дзуарыл фесафгӕйӕ, Уый ӕппӕт адӕмӕн радта Хуыцауы хъӕбултӕ уӕвыны хорзӕх. Хуыцауимӕ нӕ хӕстӕгдзинад мах банкъарӕм, сыгъдӕг чырыстон цардӕн, аргъуыд райсгӕйӕ, дунемӕ ногӕй куы рантысӕм, уӕд.

Миросӕрсты сусӕггады махыл сӕмбӕлы, апостол кӕй кой кӕны ӕмӕ нӕ рӕстӕй цӕрыны цинӕй чи хайджын кӕны, уыцы ӕртыккаг лӕвар – Сыгъдӕг Уды хорзӕх. Уый у ӕцӕгады – тӕригъӕдимӕ тохы хъаруйы – суадон. Уыцы хорзӕхы фӕрцы Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын махӕн хъуамӕ уа нӕ царды нысан.

Дунедарӕджы цӕст бауарзта Чырыстийы Рухсрайгуырды фӕрцы Йӕ хуыцауон бынтӕ, апостолы загъдау, махӕн ралӕвар кӕнын: «Кӕд хъӕбул дӕ, уӕд дӕ Хуыцау Чырыстийы фӕрцы Йӕ бындар скодта» (Гал 4: 7). Уыцы лӕвар ӕмбарын хъӕуы афтӕ, ӕмӕ Чырыстийы кад ӕмӕ ӕнусон Паддзахады, Уый Йе стыралчерон куывды Йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, махӕн уыцы хуызы архайын ӕмбӕлы: «Мӕ Фыд! Мӕн фӕнды, цӕмӕй, Ды Мын кӕй радтай, уыдон, Ӕз кӕм дӕн, уым Мемӕ уой ӕмӕ уыной, Ды Мын кӕй радтай, уыцы кад» (Ин 17: 21). Уыимӕ фидӕны царды нӕ уыцы архайд Хуыцаумӕ иуварсӕй кӕсгӕйӕ ахицӕн кӕнӕн нӕй – хъуамӕ хуыцауон кад нӕ мидӕг ахиза ӕмӕ йӕ, Фаворы хохыл Бардарӕджы хуызаивд фенгӕйӕ, апостолтӕ куыд банкъардтой, мах дӕр афтӕ банкъарӕм. Ахӕм кады тыххӕй дзуры Хуыцаузонӕг сыгъдӕг Иоанн: «Мах ныр Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм. Фидӕны цавӕр уыдзыстӕм, уый та нӕма раргом. Фӕлӕ зонӕм: куы раргом уа, уӕд уыдзыстӕм Уый хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Йӕ фендзыстӕм, цавӕр у, ахӕмӕй» (1Ин 3:2). Евхаристийы сусӕггады руаджы Бардарӕг мах Йӕ кады архайӕг скӕны суанг нӕ зӕххон царды дӕр. Чырыстийы Буар ӕмӕ Тугӕй нымдгӕнгӕ аходгӕйӕ, мах свӕййӕм Хуыцауы бындартӕ ӕмӕ базонӕм, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, уыцы лӕвӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ, апостолы загъдау, «цӕст нӕ федта, хъус нӕ фехъуыста, ӕмӕ йӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр никӕмӕн уыд, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау цы ӕрцӕттӕ кодта, уый»(1Кор 2: 9).

Чырыстийы Рухсрайгуырд бӕрӕг кӕнгӕйӕ ӕмӕ йӕ уыцы стыр хӕрзты суадоныл нымайгӕйӕ, абон Аргъуан сиды махмӕ ноггуырд Бардарӕгӕн скад кӕнынмӕ: «Чырысти райгуырди, –  кад Ын кӕнут! Чырысти уӕлӕрвтӕй, – Йӕ размӕ рацӕут! Чырысти – зӕххыл, – райут! Зар Бардарӕгӕн, ӕгас зӕхх, ӕмӕ цинимӕ зарут, адӕм, уымӕн ӕмӕ Йӕ кад раргом и! (Чырыстийы Рухсрайгуырды 1-аг зарӕджы 1-аг канон).

Дзӕуджыхъӕуы епархийӕн ивгъуыд аз ӕнӕферохгӕнгӕ у: мах бӕрӕг кодтам Аланийы Аргъуыды 1100 азы, ӕмӕ йӕ немӕ бӕрӕг кодта ӕппӕт бӕстӕ дӕр. Мах ӕвдисӕн уыдыстӕм ӕмӕ архайдтам уый фӕдыл арӕзт бирӕ кадджын ӕмбырдты, наукон конференциты, концертты, равдыстты, бӕрӕгбоны аргъуыдты. Мыхуырӕй рацыд Сыгъдӕг Фысты чингуыты уникалон ӕххӕст рауагъд ирон ӕвзагыл, ӕмӕ уыйадыл адарддӕр ис алчер Иосиф (Чепиговский), сауджын Колыты Аксо, Дзӕуджыхъӕуы сахары кӕддӕры хицау разагъды ӕхсӕнадон кусӕг Байаты Гаппо ӕмӕ Ирыстоны иннӕ номдзыд рухстауджыты фарны хъуыддаг. Паддзахад ӕмӕ Аргъуан Аланийы Аргъуыды 1100 азы бӕрӕгбонӕн цы стыр кад скодтой, уый ӕвдисӕн у нӕ адӕмы цытджын истори ӕмӕ удварны рӕсугъд фӕндагӕн, йӕ фӕрнӕйдзаг ивгъуыд ӕмӕ йӕ рухс фидӕнӕн. Бӕрӕгбоны алывӕрсыг ӕмӕ цымыдисаг мадзӕлтты сӕйраг – Мӕскуы ӕмӕ ӕгас Уырысы Иууылрухс Патриарх Кириллы ӕрцыд Ирыстонмӕ ӕмӕ йӕ фыццаг хуыцауаргъуыд нӕ рагон чырыстон зӕххыл. Мӕнӕн дызӕрдыггаг нӕу, историон юбилейы кадджын бӕрӕгбон сӕрӕвӕрӕн кӕй фӕуыдзӕн Иры уӕзӕгыл сыгъдӕг Рӕстдины дарддӕры сӕндидзынӕн.

Чырыстийы Рухсрайгуырды бӕрӕгбоны номӕй уын зӕрдӕбын арфӕ кӕнын! Райӕнт уӕ зӕрдӕтӕ Иууылсыгъдӕг Чызгӕй Райгуырӕг Ирвӕзынгӕнӕджы цинӕй! Йӕ арфӕ уыл сӕмбӕлӕд ӕмӕ уын ахъазгӕнӕг уӕд уӕ алы ӕнӕзӕрдӕхудт фезмӕлд ӕмӕ акъахдзӕфы, ӕнӕниздзинад, амонд ӕмӕ уын сабыр цард саккаг кӕнӕд!

 

Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Аланийы стыралчер ГЕРАСИМ

 

Чырыстийы Рухсрайгуырды

2023 аз

Дзӕуджыхъӕу