ХъÆдгÆроны аргъуан / Церковь селения Кадгарон»

«Бинонтае. Мыггаг. Фыдыбаестае./Семья. Фамилия. Отечество»

1-я возрастная категория.

III место.

Лазаров Ахсар Артурович 18 лет/Лазарты Ӕхсар Артуры фырт 18 аздзыд

(с. Кадгарон)

Алы адӕймагӕн дӕр ис ахӕм бынат, кӕцыйӕ йӕ сӕр хӕссы бӕрзӕндты ӕмӕ нымад у ӕппӕты адджындӕр бынатыл. Мӕнӕн ахӕм бынат у мӕ райгуырӕн хъӕу Хъӕдгӕрон. Æрыдоны районы, уый нымад у ӕппӕты зӕронддӕр хъӕуыл. Æрыдоны истори райдыдта 190 азы размӕ. Алы хӕдзар, алы зӕронд бӕлас дӕр бирӕ цымыдисаг хабӕрттӕ радзурид дзурын куы зониккой, уӕд уыдон сты хъӕуы историйы ӕвдисӕнтӕ. Хъӕдгӕроны адӕмы ҆хсӕн ис тынг бирӕ раппӕлинаг адӕмтӕ: Абациаты ӕфсымӕртӕ Дзамболат -паддзахы ӕфсады инӕлар-лейтенант ӕмӕ Мӕхӕмӕт – инженер технолог, уынаффӕгӕнӕг;

Хостыхъоты Зинӕ – дыууынӕм ӕнусы зынгӕдӕр сылгоймаг поэттӕй иу; Ӕрыдоны районы ис ӕртӕ Советон Цӕдисы Геройы, уыдонӕй иу Гагкайты Алихан уыди нӕ хъӕуккаг; Лолаты Ӕхсар- Цӕцӕны хӕсты Герой, уый йӕ цард суӕлдай кодта , цӕмӕй йӕ отрядӕн уа рӕстӕг фӕстӕмӕ рацӕуынӕн.

Нӕ хъӕуы фидар хӕцынц нӕ фыдӕлты кадджын ӕгъдӕуттыл ӕмӕ сӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ дӕттынц кӕстӕр- тӕн. Уыцы ӕгъдӕуттӕ махӕн сты нӕ хуыздӕр хӕзнатӕ, ӕмӕ уыдон ӕххӕстгӕнгӕйӕ махӕн фӕцудынӕй нӕ уыдзӕн тас.

Нӕ хъӕуы аргъуаны кой ма ракӕнай, уый ӕвӕццӕгӕндӕр нӕ уыдзӕн раст. Уый у ӕппӕты егъаудӕр архитектурон цытдзӕвӕныл нымад. Рухс Архангел Михаилы аргъуан арӕзт ӕрцыд 1880 азы, фыццаг аргъуыд та дзы уыдис 1883 азы. Дурӕй конд аргъуаны размӕ ам уыди хъӕдын аргъуан нудӕсӕм ӕнусы 50-60 азты. Мӕ нанайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕз зонын, ацы аргъуан арӕзт ӕрцыд хъӕуы адӕмы курдиаттӕм гӕсгӕ. Хицауад уый тыххӕй рахицӕн кодта уӕды ӕхцатӕй ӕртӕ мин сомы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый фаг нӕ уыд ӕмӕ хъӕдгӕройнӕгтӕ ноджыдӕр ӕрӕмбырд кодтой дыууӕ мины ӕмӕ ӕрдӕг Тотраты Гӕбӕтойы уынаффӕмӕ гӕсгӕ. Баситы ӕфсымӕрты заводӕй ластой агуыридур. Чъыр та ластой Чъерджиаты ӕфсымӕртӕ. Гагкайты мыггаг самал кодтой агуыридур сауджыны хӕдзар ӕмӕ быруйӕн. Арӕзтад куыд цӕуы, уый баргонд ӕрцыд нӕ хъӕуы кадджындӕр лӕгтӕй иуӕн Хъараты Дударыхъойӕн.

Аргъуаны фыццаг сауджын уыди Сихъоты Георги. Уый ӕмӕ иннӕ сауджынтӕ Коцойты Мойсей, Къадзты Л., Джыккайты Н., тынг бакуыстой, цӕмӕй байгом уа дины скъола ӕмӕ хъӕуы цӕрджытӕн уа фадат кувынмӕ, исой духовон хъомылад. Советон Цӕдисы рӕстӕг кувӕндӕттӕй бирӕтӕ ӕрцыди пырхгонд. Нӕ сӕ аирвӕзти Хъӕдгӕроны аргъуан дӕр. 1936 азы хъӕуы фӕскомцӕдисонтӕ пырх кӕнын райдыдтой аргъуан, ӕппӕрст ӕрцыдысты дзӕнгӕрджытӕ, рудзгуытӕ. Фӕлӕ диссаджы хабар фенгӕйӕ адӕм лӕугӕйӕ аззадысты. Ацы диссаджы хабар мын радзырдта нӕ сыхӕгты зӕронд ус Хадизӕт .

"Ӕрӕмбырд сты ӕнӕхъӕн хъӕуы адӕм. Уыдон дыууӕ дихы фесты. Иутӕ тырныдтой аргъуан пырх кӕнынмӕ, иннӕты та нӕ фӕндыд аргъуанмӕ ӕвналын, тарстысты хъӕуы фӕсивӕдӕн, фыдбылызӕй. Фӕскомцӕдисонтӕй йӕхи сӕрӕндӕрыл чи нымадта, уый схызт аргъуаны сӕрмӕ, уырдыгӕй ӕнӕвгъауӕй раппӕрста аргъуаны сӕр. Уалынмӕ ӕрцыд диссаг, лӕппу уырдыгӕй расхъиудта, раст ӕй цыма исчи фесхуыста уыйау, йӕ хӕдоны кӕронӕй аргъуаны тигъыл ацауындзӕг ӕмӕ мӕнӕ диссаг. Лӕппу ауыгъдӕй дзедзырой кодта ӕмӕ адӕммӕ хъуысти дзӕнгӕрӕджы зӕлланг, кӕд ӕмӕ дзӕнгӕрджытӕ уыдысты зӕххыл. Адӕмӕй бирӕтӕ хӕлиудзыхӕй кӕсгӕйӕ баззадысты, бирӕтӕ та лидзӕг фесты. Уый уыд аргъуаны фӕдисы хъӕр , фӕлӕ уӕддӕр лӕппуйы мӕлӕтӕй бахызта. Адӕм бамбӕрстой аргъуаны тых, фӕлӕ ма цы? Адӕм тарстхуызӕй иугай сӕ хӕдзӕрттӕм ныппырх сты."

Мӕ нана мын ноджыдӕр дзырдта, зӕгъгӕ, Фыдыбӕстӕйы хӕсты рӕстӕджы фашисттӕ куы схӕццӕ сты Ирыстонмӕ, уӕд Хъӕдгӕроны хъӕу ӕнӕвгъауӕй дӕрӕн кодтой бомбӕтӕй ӕмӕ алыхуызон уӕззау артиллерион уӕззау хӕцӕнгӕрзтӕй. Адӕмы дисӕн кӕрон нал уыд, сӕхи цӕстытӕй цы уыдтой, ууыл. Иу бомбӕ дӕр, иу нӕмыг дӕр аргъуанмӕ ӕввахс не ᾽рхауд. Адӕм бамбӕрстой аргъуаны тых ӕмӕ Хуыцауы бон бирӕ кӕй у, уый ӕмӕ хӕлд аргъуаны раз райдыдтой сӕхи фӕдзӕхсын. Адӕм иууылдӕр иу зондмӕ ӕрцыдысты , ӕмӕ та аргъуанӕн дыккаг цард радта Хъороты Валодя.

https://i0.newstube.ru/1677081

Рахизӕрдыгӕй лӕууы Хъороты Валодя

Валодяйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый сфӕнд кодта, иу аргъуан йӕ къахыл слӕууын кӕнынмӕ. Ӕрзылд Ирыстоны аргъуантӕй цалдӕрыл, фӕлӕ йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта Хъӕдгӕроны сыгъдӕг Архангел Михаилы аргъуаныл. Сауджын ын загъта: Ацы аргъуан сараздзынӕ ӕрмӕстдӕр ды». Валодя куы бакаст, уӕд дисхуызӕй дзырдта:

«Уый бӕрц фӕрӕзтӕ мӕм нӕй. Куы нӕ сфаг уон, мыййаг. Фӕлӕ сауджын ныфс бавӕрдта Валодяйӕн: «Хуыцауы фӕрцы алцыдӕр уыдзӕн». Ӕмӕ ӕцӕгӕй дӕр афтӕ рауад. Хъӕуы адӕм стырӕй гыццылӕй ӕрбалӕууыдысты Валодяйы фарсмӕ. Ӕххуыс кодтой куыд тыхӕй, афтӕ ӕхцайӕ дӕр. Алчидӕр тырныдта, кӕд йӕ пырх кӕныны рӕстӕг исты фӕрӕдыд, уӕд йӕ рӕдыд сраст кӕна. 2000 азы аргъуан ӕрцыд арӕзт. Афӕдзы фӕстӕ дзы ӕрцыд фыццаг аргъуыд. Мӕхи хъуыдымӕ гӕсгӕ, стӕй мӕ хъӕуггӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, мӕ бон у зӕгъын, аргъуан арӕзт куы ᾽рцыди фӕстӕмӕ, уӕдӕй нырмӕ нӕ хъӕу размӕ рацыд, хызт у алы бӕллӕхтӕй. Раздӕр –иу арӕх быдырты тыллӕг фесӕфтой ӕрдзон бӕллӕхтӕ. Нӕ фӕсивӕды фылдӕр хай сӕфты къахыл лӕуд уыдысты. Фӕлӕ аргъуаны кувын куы райдыдтам, уӕд алчидӕр рахатыд, нӕ цард , нӕ уавӕртӕ, нӕ фӕсивӕд хорзырдӕм кӕй раивтой. Хъӕуы цӕрджытӕ ӕрбангом сты, кӕрӕдзиуыл аудынц. Фӕзынд нын ӕбӕрӕг ӕххуысгӕнӕг ӕмӕ хъахъхъӕнӕг, кӕцыйӕн кувдзыстӕм цалынмӕ цӕрӕм уӕдмӕ.

«О, Стыр хуыцау!

Фыдрӕстӕгӕй нӕ бахиз

Нӕ чысыл Ирыл ма рауадз фыдӕх

Куыд уой йӕ фырттӕ алы ран уӕлахиз,

Куыд уа ӕнустӕм амондджын йӕ зӕхх.

 

Мӕ Ирыстонӕн ма фесӕфӕд йе ᾽взаг

Мӕ Ирыстоныл ма ӕрцӕуӕд зӕй.

Ӕдзӕттӕйӕ ма баййафӕд не ᾽знаг.

Нӕ кӕрӕдзийы мауал кӕнӕм уӕй.»