В дореволюционном Владикавказе было 30 православных храмов - приходских и домовых. В результате трагических событий начала XX века большинство из них были разрушены или переделаны под другие нужды. В цикле передач "Фӕд" на телеканале "Иристон" режиссер Альбина Габуева рассказывает о судьбе этих храмов.
Ирон драмон театр — Ирыстоны хæзнадæттæй иу. Æгæрон курдиæтты ахстон æмæ адæмы уарзондæр бынат. Адæмæй цух никуы æййæфта. Афтæ ивгъуыд заманты дæр, фæлæ дзы уæд та кувæн бынат уыд. 19 æнусы ацы фæзуаты фидар лæууыд Сыгъдæг Петр æмæ Павелы номыл аргъуан. 30-æм æзты советон хицауады динимæ тох стынг ис.. Аргъуантæ фæд-фæдыл æхгæдтой, пырх кодтой, моладзандонтæ, кувæндæттæ æмæ æндæр, динимæ баст бынæттæ. Дины кусджыты мардтой æмæ дзы бирæты Сыбыры къæйы смидæг кодтой. Уæлдай зын уыд чырыстон диныл хæст адæмæн. Ничи сыл ауæрста. Петр æмæ Павелы номыл аргъуан куы сæхгæдтой, уæд æй адæм дургай хаст фесты, ома, «хæдзар амайынмæ». Уый фæстæ уæлмæрттæ дæр ныппырх кодтой. 1960 азмæ уæлмæрд ничи базыдтаид - ничиуал æм зылдис æмæ йæ гыццыл фæстæдæр зæххимæ сæмхуызон кодтой. Аргъуаны бынаты та фæзынд Ирон драмон театр.