ИУУЫЛРУХСГОНД СТЫРАЛЧЕР ЛЕОНИДЫ ЦЫППУРСЫ АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ

 

ДЗӔУДЖЫХЪӔУЫ  ЕПАРХИ ӔМӔ СОМИХЫ РЕСПУБЛИКӔЙЫ УЫРЫССАГ РӔСТДИН АРГЪУАНЫ ЗЫЛДТЫ  САУДЖЫНТӔ, ДИАКЪОНТӔ, МОЛАДЗАНТӔ  ӔМӔ КУВӔГ АДӔММӔ

 

Чырыстийы ӕмдзинады кӕрӕдзийӕн уарзон сауджынтӕ, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ!

Зӕрдӕбынӕй уын арфӕ кӕнын нӕ Бардарӕг Хуыцау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы Рухсрайгуырды стыр бӕрӕгбоны фӕдыл!

Чырыстийы Рухсрайгуырд ног азы бӕрӕгбӕтты сӕр хуымӕтӕджы нӕу, уымӕн ӕмӕ ацы бӕрӕгбонӕй рантысгӕ сты Бардарӕджы Рухсаргъуыд дӕр, Куадзӕн дӕр, Уӕларвмӕссыд дӕр, Рухсмонӕрцыд дӕр. Ацы стыр цауы монон мидис ӕмӕ нысаниуӕг уый мидӕг ис, ӕмӕ, «афон куы ралӕууыд» (Гал 4:4), уӕд фыдмоны ахӕсты уӕвӕг дунемӕ рантыст йӕ Ирвӕзынгӕнӕг; Дунескӕнӕг, «Стыр Ӕмбырды Зӕд» (Ис 9:6) сси адӕймаг, Рагон Фӕдзӕхст ивд ӕрцыди Ног Фӕдзӕхстӕй. Хи фервӕзын кӕныны хъару кӕмӕ нал уыд, тӕригъӕдтӕй сӕфӕг уыцы дзыллӕйы фервӕзыны сӕраппонд Хуыцауы Фырты бахъуыди Йӕхи нывондӕн ӕрхӕссын – а дунемӕ ӕрцӕуын ӕмӕ, адӕмы уарзгӕйӕ, Дзуарылтыгъд бавзарын. Рухсрайгуырды цауы, Хуыцауы Фырт адӕймаджы буарыдзыд кӕй баци, уый раиртӕстой  зӕдтӕ ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕ, скӕсӕйнаг стъалыдӕснытӕ ӕмӕ вифлеемаг фыййӕуттӕ. Чырыстийы Рухсрайгуырды бон Дзырд Хуыцау раргом и, адӕймаг кӕй сси, уый бамбарынхъом чи уыд, уыдонмӕ. Хуыцаузонӕг рухс Иуане фыссы: «Дзырд баци буарыдзыд ӕмӕ ӕрцарди нӕ мидӕг, ӕмӕ Йын мах Йӕ кад уыдтам, Фыдӕй райгуырӕг, фарн ӕмӕ ӕцӕгадӕй ӕххӕст Фырты кад» (Ин 1:14). Ацы цауы ӕххӕстӕй раргом и Хуыцауы уарзт адӕммӕ, уымӕн ӕмӕ ӕрцыди стыр сусӕггад – Хуыцау ӕмӕ адӕймаджы, хуыцауон ӕмӕ адӕймагон ӕрдзы баиу.

Дзырд Хуыцау адӕймаджы буар райста, фӕлӕ уӕддӕр Хуыцау уыд. Уый пехуымпариуӕг кодта, амыдта, диссӕгтӕ ӕвдыста, дзуарылтыгъд баци, райгас, уӕларвмӕ ссыд, апостолты схайджын кодта Рухс Монӕй ӕмӕ Уый фӕрцы сарӕзта Йӕ Буар –Чырыстийы Аръуан. Хуыцауимӕ бастдзинад ӕмӕ Йемӕ ӕмхицад махӕн канд монон нӕ, фӕлӕ буарон дӕр у, уымӕн ӕмӕ, цы стӕм, уый ӕгасӕй дӕр – уд ӕмӕ буарӕй конд – Чырыстиимӕ баиу вӕййы. Донаргъуыд ӕмӕ Миросӕрсты руаджы мах свӕййӕм Аргъуаны уӕнгтӕ, Хуыцауон Аходӕны руаджы та схайджын вӕййӕм Йӕ Иууылсыгъдӕг Буар ӕмӕ Тугӕй. Уымӕн уӕвӕн нӕ уыдаид, Чырысти адӕймаг куы нӕ суыдаид, уӕд. Ныр та мах Хуыцаумӕ ӕрмӕст кувгӕ нӕ кӕнӕм, фӕлӕ ма Йӕ Хуыцауон цардӕй дӕр схайджын вӕййӕм.   

Чырыстийы Рухсрайгуырд у ног дуджы райдайӕн а зӕххыл. Тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Ӕппӕтхъом Бардарӕг адӕймаджы хуыз райста, цӕмӕй адӕмы зӕрдӕты фӕстӕмӕ сӕндидза, ахуыссын ӕввонг чи уыди, удварны уыцы рухс, сӕ зӕрдыл сын ӕрлӕууын кӕна, тӕригъӕдджын царды мылазон тары аныгъуылӕг Ӕцӕгады дзырды апп.   Адӕймаджы хуызы ӕрцӕугӕйӕ,  адӕмимӕ Уарзты Фидыд сарӕзта не Скӕнӕг ӕмӕ арв ӕмӕ зӕхх баиу кодта. Незаманты пехумпартӕ рагацау зыдтой, адӕммӕ Дунейы Паддзах кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сын сӕ историйы ӕппӕт галиутӕ дӕр кӕй сраст кӕндзӕн. Фӕлӕ уыдон ӕнхъӕл нӕ уыдысты, Уый кӕй райгуырдзӕн, цӕсты чи нӕ ахады, ахӕм сабыр ран, фосдарӕн лӕгӕты, уымӕн ӕмӕ, Евангелийӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй Вифллеемы адӕмы ӕхсӕн Уаз Бинонтӕн бынат нӕ разынд. Афтӕ абон дӕр махӕй бирӕты зӕрдӕйы Хуыцауӕн алы хатт бынат нӕ разыны. Бирӕтӕ афтӕ ӕнхъӕлынц, цыма сын Бардарӕг сӕ цардмӕ Йе стырады ӕрбакъахдзӕф кӕндзӕн, Уый та ӕрцӕуы сабыр ӕмӕ ӕнӕуынгӕйӕ. Ӕрцӕуы, ӕцӕгдӕр йӕхи аивын кӕй фӕнды ӕмӕ, Дун-дуне Йӕ армы Чи дары, ӕнусты размӕ дӕр Уарзт Чи уыди,  Уыцы Хуыцауон тыхы раз йӕ сӕр чи ӕркъул кӕны, уыдонмӕ.

Ӕппӕт дунейы чырыстӕттӕ ӕрхъӕцмӕ нал лӕууынц Рухсрайгуырды бӕрӕгбоны ӕрцыдмӕ. Зӕххы цъары алы къуымы дӕр ӕрзоныг кӕнынц Чырыстийы номы раз ӕмӕ бӕрӕг кӕнынц Ирвӕзынгӕнӕджы гуырӕн бон. Ӕнхъӕлмӕ йӕм кӕсӕм мах, Кавказы цӕрджытӕ, дӕр. Иууылсыгъдӕг Чызг Марйайӕ Вифлеемы Райгуырӕг Бардарӕг ӕххуыс кӕнӕд, «Хуыцауы рӕстдзинадӕй бафсӕдынмӕ» (Мф 5:6) чи бӕллы, ӕппӕт уыдонӕн, цӕмӕй Йын сыгъдӕгзӕрдӕйӕ сӕмбӕлой Йӕ Райгуырдыл ӕмӕ, Хуыцау зӕхмӕ кӕй ӕрцыд, уый зӕдтӕ куыд хъусын кодтой, афтӕ уыдон дӕр хъусын кӕной фарны уац. Ацы табуйаг бон мӕн арфӕ ракӕнын фӕнды, Чырыстийы рухс кӕуыл нӕма сӕмбӕлд,  гуырысхоты ахӕстӕй чи нӕма схицӕн ис, ӕппӕт уыдонӕн, цӕмӕй Хуыцауон уарзт ӕрбахъарм кӕна алы адӕймаджы дӕр ӕмӕ йӕ бахона рухс аргъуанмӕ.

Чырыстийы Рухсрайгуырды бӕрӕгбоны хорзӕх уӕд Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Алани ӕмӕ Сомихы Республикӕйы ӕппӕт рӕстдин чырыстӕттӕ ӕмӕ ӕппӕт цӕрджыты! Кувын ӕмӕ Хуыцауӕй курын, цӕмӕй уын Ног азы ӕххуысгӕнӕг уа уӕ алы хорз хъуыддаджы дӕр, цӕмӕй уын рӕстмӕ кӕна уӕ алы къахдзӕф дӕр. Удвидар ӕмӕ буарвидар куыд уат, Хуыцау уын ахӕм арфӕ ракӕнӕд! Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы сабырдзинад, фарн ӕмӕ бирӕ цӕрӕнбон! 

Бардарӕджы хорзӕх уӕд нӕ бӕстӕтӕ ӕмӕ нӕ адӕмты!

 

+ Леонид 

Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Аланийы стыралчер,

Сомихы Республикӕйы Уырыссаг Рӕстдин Аргъуаны зылдты фӕткӕвӕрӕг

 

2019 азы

Чырыстийы Рухсрайгуырд