Мады Майрæмы Куадзæн

Мады Майрæмы Куадзæн чырыстон растуырнæгадæм хонынц Хуыцауы Мады мæлæты бон. Уый фынæйы хуызы (Успение) ахызт зæххон цардæй уæларвон паддзахадмæ. Æмæ куыд нæ Ирвæзынгæнæг Чырыстийы райгас, Мады Майрæмы Уæларвон Паддзахадмæ ссыд æвдисæн у мæлæтыл уæлахизæн.

Чырыстийы уæларвмæ ссыды фæстæ, Мадымайрæм Иерусалимы куы цард æмæ афон куы æрцыд зæххон цардæй уæларвмæ ахизынæнусон цардмæ. Уымæфæзынд Хуыцауы сусæгдзинæдты æргомгæнæг Архангел Гавриил æмæ Йын фехъусын кодта, Йæ зæххон цард кæронмæ кæй æрцæуы. Мады Майрæмы фæндыд хæрзбон зæгъын Йæ мæлæты размæ Чырыстийы ахуыргæнинæгтæн. Уыцы рæстæг уыдон Чырыстийы ахуырад амыдтой æнæхъæн зæххы цъарыл. Мады Майрæмы куывдмæ гæсгæ уыдон диссаджы хуызы æрæмбырд сты Йæ мæлæты хуыссæны раз. Иууылсыгъдæг Хуыцауы Мадæн Йæ мæлæты сахат куы æрцыд, уæд Хицау Йесо Йæхæдæг фазынд Йæ хуыссæны раз, æмæ Йын Йæ Уд аиста Йæхи къухтæм.

Апостолтæ стыр кадимæ ахастой Йæ марды буар Иерусалимы уынгты æмæ йæ бавæрдтой Гефсиманийы зæппадзы. Апостол Фома, Хуыцауы фæндмæ гæсгæ, нæ æрхæццæ Йæ ныгæнæн бонмæ, фæлæ азртыккаг бон. Цæмæй йын йæ зæрдæ фæфидар кæной, апостолтæ байтом кодтой зæппадз, фæлæ дзы федтой æрмæст марды тухæн хæцъилтæ. Афтæ бæлвырд базыдтой, Иууылсыгъдæг Мады Майрæм уæларвмæ Йæ буаримæ хаст кæй æрцыд.

Махæн Мады Майрæмы куадзæны бæрæгбон у æвдисæн - Уый æнæхъæн дуне æмæ чырыстон адæмы тыххæй Хуыцауы раз кæй лæууы æмæ кувы. Уый нæ амард, æмæ Йæ буар кæд уæларвмæ хаст æрцыд, уæддæр æнæсцухæй кувы мах тыххæй Йæ Фырты раз.

Æмæ уымæн Мады Майрæмы кады бæрæгбон у рухс æмæ цины бæрæгбон растуырнæг удæн.

Мады Майрæмы Куадзæн бæрæг кæнынц рагон заманæй нырмæ. Уый койгонд цæуы фæрндазын Августины (430) æмæ Иеронимы (420) сфæлдыстады. Мады

Майрæмы Куадзæны кадæн зардазытæ скодтой сыгъдæг Иоанн Дамаскаг, сыгъдæг Косма Майумаг, Феофан Никейаг æмæ æндæр сыгъдæг фыдæлтæ. Уæлдай каддазынæй ацы бæрæгбон бæрæг кæнын райдыдтой Растуырнæг Аргъуаны VI æнусы, бæрæгбоны размæ комдарæн та зындгонд уыд V æнусæй.

Гефсиманийы зæппадз, Мады Майрæмы мард æвæрд кæм уыд, рагон заманæй тынг каддазынæй нымадтой чырыстон адæм. Иерусалимæй йæм цæуынц «Фысты кулдуарæй», араббæгтæ уыцы кулдуар хонынц Мады Майрæмы кадæн «Сыгъдæг Мария». Кедроны тæрфы сæрты хидыл бахизгæйæ фæзуатмæ Мады Майрæмы зæппадзы размæ, мармæрæй къæпхæнтыл ныццæугæ, хизæм зæххы бын уæрæх сыгъдæг æвæрæнмæ, кæцыйы рахизырдыгæй сты Мады Майрæмы ныййарджыты Иоаким æмæ Аннайы чырынтæ, сæ бакомкоммæ та Йæ цардæмбал Иосифы.

Зæппадзæн йæ хурыскæсæнырдыгæй хайы фæтæн галерейы йæ æппæт æрдынцары æрттивынц судзгæ лампадæты рæнхъытæ, сызгъæрин æмæ æвзистæй конд, кæцытæ зæххы бын талынджы судзынц, куыд ирд стъалытæ æхсæв. Галерейы астæу лæууы лæгæт, гыццыл часовняйы хуызы, æмæ йæ гыццыл дуарæй цæуы бирæнымæц лампадæты сыгъдæг рухс: уый у Мады Майрæмы зæппадз, къæдзæхы лыггонд.

Мады Майрæмы чырыны сæруурсмармæрæй æрвхуыз цъæх тагтимæ. Уый сæрыл æххæстгонд цæуы Хуыцауы литурги. Хуссарырдыгæй хицæнгонд у сæрмагонд бынат пысылмон адæмæн кувынæн, кæцытæ нымайынц Мады Майрæмы Номдзыд Пехуымпары Мадау.

Мады Майрæмы Куадзæн ирон адæммæ, Зæрдæвæрæны бæрæгбонау, сси иувæрсыг, уымæн æмæ æрмæстдæр мысæм нæ мæрдты. Фæлæ æппæты разæй Мады Майрæмы Куадзæн у мæлæтыл уазлахизхæссæг стыр бæрæгбон.

Иууылсыгъдæг æхсин, Хуыцауныййарæг, фервæзын нæ кæн!