МÆСКУЫ ÆМÆ ÆГАС УЫРЫСЫ ПАТРИАРХ КИРИЛЛЫ КУАДЗÆНЫ АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ

 

Мæскуы æмæ æгас Уырысы Патриарх

КИРИЛЛЫ

КУАДЗÆНЫ АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ

 

алчертæм, сауджынтæм, диакъонтæм, моладзантæм

æмæ Уырыссаг Рӕстуырнæг Аргъуаны æппæт иузæрдион хъæбултæм

 

Ӕппӕт адӕмы фервӕзынӕн раргом и Хуыцауы хорзӕх.

Тит 2:11

 

Дунедарӕджы хорзӕхӕй кӕрӕдзийӕн уарзон Иууылрухсгонд алчертæ,

ӕууӕнкджын сауджынтæ æмæ диакъонтæ, хуыцаууарзаг моладзантæ,

зынаргъ æфсымæртæ æмæ хотæ!

 

Ацы амондджын, Хуыцауон рухсӕй срухс уӕвӕг, мӕлӕтыл Чи фӕуӕлахиз, дунейы Уыцы Хицауы цинӕй райгонд ӕхсӕв уе ‘ппæтæн дæр зæрдæбын арфæ кæнын Куадзæны номæй ӕмӕ уын зæрдиаг салам æрвитын рагон табуйаг ныхӕстæй:

ЧЫРЫСТИ РАЙГАС!

Сыгъдӕджыты бирӕ фӕлтӕрты фӕндыди, Дунедарӕджы тӕмӕнкалгӕ чырыны дыууӕ мин азы размӕ цы ӕрцыди, уый раиртасын. Уыдон архайдтой, цӕмӕй адӕймаджы цыбыр зондӕй мах бамбарӕм Йерусалимы зӕронд систӕм хӕстӕг зӕппадз-лӕгӕты ӕрцӕуӕг диссаджы сусӕггад. Агуырдтой, уыцы ӕхсӕв Хуыцау ӕгас дун-дунейы цы бындурон ивддзинӕдтӕ сарӕзта, уыдон банкъарынӕн нын чи феххуыс уыдзӕн, ахӕм фӕлгонцтӕ.

Стыр алчер Зӕринком Иуане афтӕ фыссы уыцы цауы фӕдыл: «Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Раудӕгасы Бон у дунейы бындурӕвӕрӕн, фидыды райдиан, знагархӕйдтыты кӕрон, мӕлӕты бацарӕфтыд, дӕлимоны басаст» (Рухс Куадзӕны Ныхас).

Уыцы хъуыды зӕрдыл даргӕйӕ, сӕрмагонд мидис райсынц махӕн Ирвӕзынгӕнӕджы мӕрдтӕйрастад ног дунерафӕлдыст ӕмӕ ног адӕмрафӕлдыстимӕ абарӕг фыццагсӕйраг Павелы ныхӕстӕ: «Чырыстиимӕ чи ис, уый ног цӕрӕг уд у; раджы цы уыд, уый аивгъуыдта, ныр алцыдӕр ног у» (2 Кор 5:17).

Хицау Йесойы Раудӕгас у дунемӕ ӕрвыст чырыстон фыстӕджы апп. Ӕрмӕстдӕр цытджын Раудӕгасимӕ баст Голгофаг нывонды фӕрцы ис мидис ӕмӕ аргъ адӕймаджы тырнындзинадӕн алы хорзӕхы Суадонмӕ. Чырыстийы нывонд басгуыхти дзуапп Цардӕгас Хуыцауы агурӕг алыхуызон культурӕтӕ ӕмӕ фӕткты минӕвӕртты фӕлварӕнтӕн. Дунедарӕг «никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ Йын, чи Дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, уый, цыфӕнды адӕмыхаттӕй куы уа, уӕддӕр адджын у» (Хъ 10:34, 35) ӕмӕ Йӕ фӕнды, «цӕмӕй адӕм иууылдӕр фервӕзой ӕмӕ базоной ӕцӕгад» (1 Тим 2:4). Уыцы удуӕлдай фӕлварӕнты сӕхи ирдӕй равдыстой, алы заманты йӕ кӕуинаг уавӕрӕй фервӕзынӕн амӕлттӕ чи агуырдта ӕмӕ ӕцӕг цард, «цӕмӕйдӕриддӕр ӕххӕст цард» (Ин 10:10) райсынмӕ чи тырныдта, уыцы милуангай адӕймӕгты бӕрзонд бӕллицтӕ.

Рагагъоммӕ нывгонд ци уыди, уый ӕрцыди. Амӕй фӕстӕмӕ мӕлӕты бон ницыуал у адӕймагӕн, ӕмӕ ныр, «Адамимӕ иууылдӕр куыд мӕлынц, афтӕ иууылдӕр райгас уыдзысты Чырыстиимӕ» (1 Кор 15:22). Куадзӕн ахсджиагдӕр чырыстон бӕрӕгбон уымӕн у, ӕмӕ Назаретаг ссӕст ӕмӕ ӕфхӕрд Йесо, Хуыцауон кадӕй тӕмӕнтӕ скалгӕйӕ, «райгас ӕртыккаг бон ӕмӕ алы буардзыдӕн дӕр фӕндаг акодта мӕрдтӕй раудӕгасмӕ» (Стыр Уасилы литургийы анафорӕ).

Абон та нӕм Чырысти ногӕй сиды уырнынады куывдмӕ, Паддзахады куывдмӕ, хоны нӕ Йӕ ирвӕзынгӕнӕн нывондӕй саходынмӕ, ӕнусон цардмӕ чи кӕлы, уыцы донӕй бануазынмӕ (Ин 4:14). Фӕлӕ Дунедарӕгимӕ иудзинадӕн фаг нӕу ӕрмӕст аргъуаны кувынлӕггады архайын, кӕнӕ Йӕм зӕрдӕбынӕй кувын. Дунедарӕгимӕ иудзинад хъуамӕ нӕ царды алы къабӕзтыл дӕр фӕзына. Цалынмӕ нӕ фарсмӕ, царды цин Хуыцауы чи нӕ ссардта, ахӕм хъынцъымгӕнӕг, хъизӕмаргӕнӕг, зыбыттаджы иунӕг, ӕвӕӕрӕз, ӕнӕхӕдзар, кӕнӕ низӕфхӕрд адӕймӕгтӕ ис, уӕдмӕ нын уый бар нӕй, ӕмӕ ӕнӕмӕтӕй нӕ бӕрӕгбоны кой кӕнӕм. Не стыр хӕс у хорз хъуыддӕгтӕй алы ран дӕр Чырыстийы ном кадджын кӕнын, цӕмӕй адӕм, уый уынгӕйӕ, се ’ргом зилой рӕстуырнӕг динмӕ, сӕхи бафӕдзӕхсой Уӕларвон Фыдыл.

Хъыгагӕн, дуне нӕма ссӕрибар адӕймаджы фыд зонд ӕмӕ дӕлимоны ӕлгъыстаг монцтӕй. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ зӕрдӕйы хъуамӕ бынат ма уа ӕрхӕндӕгӕн, уымӕн ӕмӕ, зӕххы цъарыл кӕд цыфӕнды фыдбылызтӕ цӕуы, уӕддӕр мах зонӕм, Дунедарӕг дунейыл кӕй фӕуӕлахиз (Ин 16:33), тӕригъӕдраконд ӕмӕ мӕлӕт кӕй басаста, уый. Уымӕн ис фадат махӕн ныхас ӕмӕ хъуыддагӕй бавдисӕн кӕнын, Ирвӕзынгӕнӕгимӕ ӕмдзинады, Йӕ Аргъуаны уӕвыны фӕрцы цы хорзӕхӕй хайджын стӕм, уый тыххӕй. Уӕдӕ зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнӕм Фарны уацы фӕдзӕхстытӕ, цӕмӕй хиуӕтты дӕр ӕмӕ ӕддагӕтты дӕр, мах фӕзмгӕйӕ, бафӕнда, Хуыцау Йӕ иузӕрдион хъӕбулты ӕмхуызонӕй кӕмӕй хайджын кӕны, уырнынады уыцы уӕлвонг цин ӕмӕ хорзӕхы уыцы хъӕздыгдзинад банкъарын.

Айсут мӕ зӕрдӕбын арфӕтӕ Куадзӕны стыр бӕрӕгбоны, Йесо Чырыстийы Раудӕгасы бӕрӕгбоны номӕй! «…Хорзӕх ӕмӕ уын фарн … иузӕрдион Ӕвдисӕн Чырыстийӕ – мӕрдтӕй фыццаг Чи райгас ӕмӕ зӕххон паддзӕхты Паддзах Чи у, Уымӕй. Уый мах уарзы ӕмӕ нӕ Йӕ туджы руаджы ссыгъдӕг кодта нӕ тӕригъӕдтӕй. Скодта нӕ паддзӕхтӕ, Хуыцауӕн, Йӕ Фыдӕн, лӕггадгӕнджытӕ. Кад ӕмӕ Йын Паддзахад ӕнусӕй-ӕнустӕм. Аммен» (Ӕрг 1:5, 6).

 

ÆЦÆГÆЙ РАЙГАС И ЧЫРЫСТИ!

Аммен.

 

МӔСКУЫ ӔМӔ ӔГАС УЫРЫСЫ ПАТРИАРХ

Мæскуы,

Чырыстийы Куадзæн,

2017 аз