Мæскуы æмæ æгас Уырысы Патриарх КИРИЛЛЫ КУАДЗÆНЫ АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ

Мæскуы æмæ æгас Уырысы Патриарх

КИРИЛЛЫ

 

КУАДЗÆНЫ АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ

 

алчертæм, сауджынтæм, диакъонтæм, моладзантæм

æмæ Уырыссаг Рӕсткад Аргъуаны æппæт иузæрдион хъæбултæм

 

 

Чырыстийы ӕмдзинады уарзон алчертӕ,

уæздан сауджынтæ æмæ диакъонтæ, хуыцаууарзаг моладзантæ,

зынаргъ æфсымæртæ æмæ хотæ!

 

ЧЫРЫСТИ РАЙГАС!

 

Ацы цардфидаргӕнӕг дзырдтӕй уын Чырынӕй Растӕг Ирвӕзынгӕнӕджы цинӕй райгӕ зӕрдӕимӕ салам зӕгъын ӕмӕ уын зӕрдӕбын арфӕ кӕнын бӕрӕгбӕтты бӕрӕгбон – Чырыстийы Рухс Куадзӕны номӕй.

Абон мах хуынд стӕм уырнындзинады стыр куывдмӕ, моны стыр циндзинадмӕ. Хуыцауы Иунӕг Фырт, дунемӕ ӕрцӕуӕг, хъизӕмӕрттӕ бавзарӕг ӕмӕ дзуарылтыгъдӕй мӕлӕт райсӕг, Уӕларвон Фыды фӕндӕй фӕуӕлахиз мӕлӕтыл ӕмӕ растади чырынӕй! Йесо райгас и – ӕмӕ «мӕлӕт аирвӕзти уӕлахизы хъуыры» (1 Кор 15:54)! Йесо райгас и – ӕмӕ цинӕй райы Дун-дуне! Бардарӕг ныффалгӕрон кодта зындон ӕмӕ йӕ бындур ныззылдта хӕйрӕгӕн. Ӕмӕ Адӕймагуарзаг Хуыцау уыцы хъуыддӕгтӕ бакодта, цӕмӕй нӕ Йӕхицӕн хъӕбул зӕгъа, Йӕ Туг мах тыххӕй Чи ныккалдта ӕмӕ нын афтӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ Чи ныббарын кодта, Уыцы Йесо Чырыстийы руаджы (Еф 1:4, 5, 7).    

Чырыстийы  фӕуӕлахиз мӕлӕтыл у канд монон нӕ, фӕлӕ цӕстуынгӕ ӕцӕгдзинад дӕр. Адӕмы фервӕзын кӕныны сӕраппонд Бардарӕг Йесо ӕцӕгдӕр райгас и. Уый Йӕ Рухсрайгасӕй мӕлӕты хъомыс ныссаста, ӕмӕ Йыл чи баууӕндыди, уыдон базыдтой, йӕ амӕлӕтимӕ адӕймаг кӕй райгуыры ӕнусон цардӕн, мӕлӕт сын басгуыхти уӕлӕрвтӕм, Хуыцауы Паддзахадмӕ, фӕндаг гом кӕнӕг дуар.

Чырыстийы сӕрыл мӕлӕтрайсджытӕ цыфӕнды хъизӕмӕрттыл дӕр удвидарӕй мӕнгӕй не ’мбӕлдысты. Кӕд ӕмӕ стыр рӕстгӕнджытӕ дӕр раздӕры рӕстӕджыты, царӕфтыдтыл хъыггӕнӕгау, хъыг кодтой адӕймаджы амӕлӕтыл, уӕд нӕ Бардарӕг Йесойы Рухсрайгасы фӕстӕ уыдон бынтондӕр ссӕрибар сты мӕлӕты тасӕй. Сыгъдӕг алчер Стыр Афанасийы загъдау, нырӕй фӕстӕмӕ Чырыстийыл ӕууӕндджытӕ мӕлӕт сӕ къӕхты бын кӕнынц, ӕппындӕр ӕй ницӕмӕ даргӕйӕ, уымӕн ӕмӕ иттӕг хорз зонынц, куы амӕлынц, уӕд кӕй нӕ бацарӕфтыд вӕййынц, фӕлӕ цӕрынц ӕмӕ райгасы руаджы нӕ бамбийынц (Дзырды Хуыцау ӕмӕ нӕм Йӕ буардзыдӕй ӕрцыды тыххӕй ныхас). Ирд дӕнцӕнӕн ӕрхӕссӕн ис, ХХ ӕнусы йӕ иузӕрдиондзинадыл йӕ къух чи нӕ систа ӕмӕ цыфыддӕр ӕфхӕрдӕй дӕр чи нӕ фӕцудыдта, Уырыссаг Аргъуаны уыцы ногмӕлӕтрайсджытӕ.  

Абон, Евангелийы ӕмбисонд цы ӕдылыдзӕф бонджыныл дзуры (Лк 12:16-21), дуне тынгӕй-тынгдӕр уый хуызӕн куы кӕны, удӕнцой цард, ӕнтыстдзинад ӕмӕ бирӕ цӕрӕнбон адӕймаджы царды сӕйрагдӕр хӕзнатӕ куы систы, уӕд мах, Ирвӕзынгӕнӕджы ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ фӕдонтӕ, апостол Павелы фӕзмгӕйӕ, фидарӕй ӕвдисӕн лӕууӕм: махӕн Чырысти – цард (Флп 1:21), мӕлӕт та нӕ царды кӕрон нӕу. Афтӕ дзурӕм ӕмӕ ӕууӕндӕм, уымӕн ӕмӕ зонӕм: адӕймаджы уд Хуыцау ӕнусон скодта.      

Ӕрвылбоны дзӕгъӕлзмӕлд ӕмӕ тыхстыты аныгъуылгӕйӕ, мах арӕх нал фенкъарӕм, Хуыцау кӕддӕридӕр немӕ кӕй ис, ӕмӕ нын Йӕ уыцы уӕвынад нӕ цардӕн йӕ хуыз кӕй ивы, уый. Куадзӕны афон – бынтон ӕндӕрхуызон! Уыцы бонты уӕлдӕф дӕр цыма цинӕй байдзаг вӕййы, цыма Хуыцауы ӕгӕрон аудындзинад ӕмӕ хорзӕхӕй алы адӕймаг дӕр схайджын вӕййы!    

Куадзӕны тӕмӕссаг ӕмӕ ӕрттивгӕ бӕрӕгбоныл мах хъуамӕ сӕмбӕлӕм, Райгасуӕвӕг Бардарӕг Чырыстийы фӕрцы адӕм цы стыр лӕвар райстой, уымӕн канд дзыхы ныхасӕй нӕ, фӕлӕ хъуыддагӕй дӕр ӕвдисӕн балӕугӕйӕ. Нӕ алыварс чи ис, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр фӕхӕццӕ кӕнӕм Евангелийы цины уац ӕмӕ сын балӕвар кӕнӕм нӕ уарзт, баузӕлӕм ӕмӕ сбуц кӕнӕм нӕ хиуӕтты, хорз ракӕнӕм, ӕххуысхъуаг чи у ӕмӕ аудынмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр. Бузныджы дзырд – нӕ былалгъыл, бузныджы ӕнкъарӕн – нӕ зӕрдӕйы, афтӕмӕй кад кӕнӕм чырынӕй растӕг Ирвӕзынгӕнӕгӕн, цӕмӕй Куадзӕны ӕрцӕуӕг диссагӕн йӕ фӕдонтӕ басгуыхӕм, цӕмӕй ныфсджынӕй нӕхи рахонӕм не ’ппӕты дӕр ӕгӕрон уарзтӕй уарзӕг Бӕрзӕндтылбадӕг Хуыцауы фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.     

Зӕрдӕбынӕй уын арфӕ кӕнын Уац Куадзӕны бӕрӕгбоны номӕй, райзӕрдӕйӕ фӕлхатт кӕнын цины салам:

 

ЧЫРЫСТИ ÆЦÆГДӔР РАЙГАС И!

 

МӔСКУЫ ӔМӔ ӔГАС УЫРЫСЫ ПАТРИАРХ

 

Мӕскуы

Чырыстийы Куадзӕн

2018 аз