Мæскуыйы уыдысты Чырыстийы райгуырды кадæн XXV Дунеон ахуырадон бакастытæ "1917-2017: Æнусы ахуыртæ"

Архайдтой дзы Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы алчер Леонид æмæ епархийы минæвæрттæ. Цалдæр боны чырыстон дины кусджытæ æмæ УФ-йы Хицауады минæвæрттæ ныхас кодтой дины æмæ паддзахады ахсджиаг фарстатыл æмæ сæ иумæйаг æмгуыстады нысантыл. УФ-йы Президент Владимир  Путины арфæйы фыстæг бæрæгбоны райдайæны  бакаст йæ æххæстбарджын минæвар Центрон федералон зылды Александр  Беглов.  Кадджын мадзалы раныхас кодтой  Мæскуыйаг æмæ æппæт Уæрæсейаг Патриарх Кирилл, УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров, УФ-йы культурæйы министр Владимир Мединский æмæ иннæтæ.

Æдæппæт бакастыты архайдтой  18000 адæймаджы. Уыдон канд Уæрæсейæ нæ уыдысты, фæлæ Белорусси, Украинæ, Латви, Эстони,  Казахстан, Таджикистан, Гуырдзыстон, Великобритани, Герман, Канадæ, Франц æмæ æндæр бæстæтæй.

Бакастыты куыст дихгонд уыд дыууадæс хайадыл. Бирæ ахсджиаг фарстатæ равзæрстой. Уыдоны 'хсæн:

"Аргъуаны архайд, ахуырад æмæ  чырыстондзинады фыццаг зонынадон ахуырты"; "Аргъуаны рауагъдадон куыст"; "Традицитæ. Диалог. Бастдзинæдтæ"; "Аргъуан æмæ культурæ"; "Аргъуаны бастдзинад паддзахадон æмæ æхсæнадон институттимæ æмæ дзыллон-хабархæссæг фæрæзтимæ"; "Аргъуан æмæ фæсивæд".

Ацы фарстаты фæдыл уыд конференцитæ, презентацитæ, секцитæ, цæлхæмбырдтæ æмæ æндæр мадзæлттæ. Бакастыты фысымтæ уыдысты Чырыстийы аргъуан, УФ-йы Паддзахадон Думæ, Мæскуыйы моладзандон, Адæмон Хæдзарады Æнтыстдзинæдты Равдыстыты бæстыхай (ВДНХ),  Мæскуыйы Ломоносовы номыл паддзахадон университет æмæ æндæр ахуыргæнæндæттæ. 

Дзæуджыхъæуккаг епархийæ конференциты архайдтой историон наукæты кандидаттæ Феликс Киреев æмæ Борис  Синанов.   Æрныхас кодтой, Чырыстон дины фæдыл рухстауæн куыст кæнгæйæ, фыдмитæ бавзарыны фæстæ хъизæмаргæнгæ йæ мæлæт чи ссардта, уыдоны нæмттæ аргъуаны æгъдаумæ гæсгæ рохуаты ма ныууадзыны фарстатыл.

Епархиты  культурæ æмæ  историон уидæгтæ хъахъхъæнджыты хайады кусджытæн цы семинар уыд, уым Ирыстонæй архайдта епархийы ацы хайады разамонæг Дзугкойты Фатимæ. Бабæрæг кодтой рагон моладзандонтæ æмæ аргъуантæ, æрныхас кодтой ахсджиаг фарстатыл. Кæронбæттæны  æрцыдысты иу хатдзæгмæ: алы епархийы дæр байгом кæнын, Чырыстон дины уидæгтæй цы æвдисæндар артефакттæ баззад, уыдон хъахъхъæд кæм æрцæудзысты, ахæм хайад æмæ сæ бахъахъхъæнынæн скæнын хъæугæ уавæртæ.

Бакастыты ма æрныхас кодтой аргъуанты арæзтады хъуыддагыл. Кæд ныронг аргъуантæ 12 хуызмæ гæсгæ амадтой, уæд Патриархийы ног стратегимæ гæсгæ, æхца куы фаг кæна, уæд  алы ног аргъуан дæр суыдзæн хигъæдон.

Протоирей Остъаты Тимофей архайдта епархиты хайадты разамонджыты æмбырды. Æрныхас кодтой Гæрзифтонг тыхтæ æмæ барадхъахъхъæнæг органтимæ æмгуыстады фарстатыл. Кæрæдзийæн радзырдтой сæ куысты фæлтæрддзинады тыххæй.

Къорд мадзæлттæ уыд фæсивæдимæ куысты фæдыл. Конференцийы докладтæ скодтой, афæдзы дæргъы сæ къухы цы бафтыд, уыцы æнтыстдзинæдты тыххæй. Дзæуджыхъæуккаг епархийы протоирей Георгий Хворостянов куыд радзырдта, афтæмæй сæйраг уынаффæ уыд, цæмæй фæсивæды æхсæн фылдæр цæуа рухстауæн куыст. Фыццæгты-фыццаг та сын се 'ргом аздахын хъæуы уды сыгъдæгдзинадмæ тырныны мадзæлттæм  æмæ уый фæстæ иннæ ахсджиаг къахдзæфтæм рахизын.

Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы номæй конкурс-æркаст "Православная инициатива"-йы архайдта фæсивæдон хайады  разамонæг Дзампаты Зæлинæ.

Чырыстийы райгуырды кадæн бакастыты кæронбæттæны уыд зæрдæмæдзæугæ концерт. Аивады дæснытæ иу иннæмæй  сæрæндæрæй кæрæдзи ивтой. Концерты архайдтой  РЦИ-Аланийы сгуыхт артист Карсанаты Мæхæмæты хъомылгæнинæгтæ. Уыдон сæ  арæхстдзинад равдыстой гуымсæгыл цæгъдынæй.

 

ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ