СБÆРÆГ СТЫ УÆЛАХИЗДЗАУТÆ

Сбæрæг сты, Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархи цы æркаст-конкурс расидт нæ республикæйы алы кары цæрджыты 'хсæн "Бинонтæ. Мыггаг. Фыдыбæстæ", уый уæлахиздзаутæ.

Къамисы уæнгтæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй мадæлон æвзагыл эссе ныффыссынмæ се 'ргом уыйбæрц адæм аздахдзысты, уый æнхъæл нæ уыдысты. Æдæппæтæй сæ æрмæджытæ конкурсы архайынмæ балæвæрдтой сæдæ адæймаджы. Æппæты фылдæр архайджытæ уыд, фыццаг кары къорд — 12-18-аздзыдтæ кæм архайдтой, уым.

30 июны 14 00 сахатыл Цæгат Ирыстоны социалон æмæ гуманитарон иртасæнты институты конференцитæгæнæн залы Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы епископ Леонид конкурсы уæлахиздзауты кадджын уавæры схорзæхджын кæндзæн æхцайы премитæ æмæ конкурсы дипломтæй.

Къамисы уæнгтæ уынаффæ рахастой, цæмæй 1, 2 æмæ 3 бынатæй уæлдай хуыздæр куыстытыл нымад чи æрцыд, уыдонæн дæр алы кары къордæй уæлæмхасæнæй снысан кæной 4 æмæ 5 бынæттæ.

Конкурс "Бинонтæ. Мыггаг. Фыдыбæстæ"-йы ахадындзинадæн хатдзæгтæ скæнгæйæ, нымад æрцыд æнæмæнг хъæугæ мадзалыл æмæ арæзт цæудзæн алы аз дæр.

Конкурс арæзт æрцыд Аланийыл саргъуыды 1100 азы юбилей сбæрæг кæныны мадзæлтты программæйы фæлгæты. Йæ нысан у мадæлон æвзаг, нæ уидæгтæ, нæ истори бахъахъхъæнын æмæ фæлтæртимæ бастдзинад фидардæр кæнын. Ацы фарстатæм епархийы разамынд йæ хъус дары уæлдай лæмбынæгдæр. Конкурсыл хъазуатонæй бакуыста епархийы культурæйы хайады разамонæг Дзугкойты Фатимæ.

 

ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ