Сывæллæтты хæдзар-интернат «Ласка»-йы сараздзысты ног аргъуан

 

15 майы Дзæуджыхъæуы сывæллæтты хæдзар-интернат «Ласка»-йы кæрты Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епископ Леонид бавæрдта бындур, фидæны Мæскуыйаг Матронæйы номыл цы хъæдæй арæзт аргъуан сараздзысты, уымæн. Уыцы хъуыддаджы йæ фарсмæ æрбалæууыдысты Дзæуджыхъæуккаг епархийы игумен Дзугкойты Стефан, Дзæуджыхъæуы Сыгъдæг Георгийы аргъуаны куывдтытæ кæсджытæ иерей Дмитрий Кондратьев, диакъонтæ Николай Селегеенко æмæ Валерий Бобылев.

Мадзалы ма архайдтой РЦИ-Аланийы национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министры хæдивæг Владимир Писаренко, сывæллæтты хæзар-интернат «Ласка»-йы директор Самайты Аринæ æмæ интернаты кусджытæ. Арæзт æрцæудзæн Ирыстоны меценаттæ Дзгойты Ян, Дзгойты Георги æмæ Хъазбегты Георгийы æххуысæй. Ацы хæрзгæнджытæ ныридæгæн дæр социалон уагдонæны цух ницæмæй уагътой. Алкæддæр сæ фарсмæ æрбалæууынц æмæ сывæллæттыл цæстуарзонæй аудынц.

Епископ Леонид арфæ ракодта, сывæллæтты хæдзары зындзинæдтæ æмбаргæйæ сын йе ‘ххуысы хай чи хæссы æмæ аргъуан кæй уды фарн æмæ дзыппы бæркадæй арæзт æрцæудзæн, уыдонæн.

– Сымах, уæ хорз хъуыддæгтæй адæмæн хæссут царды рухс, удæнцой æмæ уымæй стут фæзминаг æмæ Иунæг Кадджын Хуыцауæй арфæйаг, – загъта епископ Леонид. – Уæ зæрдæты хъармæй тавут сывæллæтты, аразут нæ фидæнæн бындуртæ. Хуыцау хæрзгæнæджы дардмæ уыны æмæ уын уæ хорздзинæдтæн ратдзæн дывæр хæрзтæ. Ууыл дзуры ирон æмбисонд дæр, раддæджы къух райсаг у, зæгъгæ.