Чи уыд Нузалы аргъуаны нывгæнæг?

Куыд зонæм, афтæмæй Нузалы аргъуан реставраци скæнынмæ Ирыстонмæ æрцыдысты Мæскуыйы реставрацийы наукон-иртасæн институты специалисттæ. Сæ сæргъы реставратор-нывгæнæг, аивæдты кандидат Сергей ФИЛАТОВ.

Аргъуаныл цалдæр æнусы кæй цæуы, уымæ гæсгæ фæстаг азты йæ уавæр нывыл нал уыд. Историон хæзна, цæмæй бынтондæр ма фесæфа, уый тыххæй йыл рагæй архайынц нæ республикæйы бæстæзонæн музейы кусджытæ æмæ историктæ. Сæхи хъарутæй йæм зылдысты, фæлæ, ахæм рагон агъуыст бахъахъхъæнынæн профессионалон реставраци кæнинаг уыд æмæ уыцы куыстæн та чысыл æхцайы фæрæзтæ æмæ æрмæг нæ хъуыд. Дзæуджыхъæуы епархийы бæрны куы бакодтой Нузалы аргъуан, уæд дины кусджытæ бацархайдтой историон агъуыст сæрмагонд федералон программæмæ бахæссыны хъуыддагыл, æмæ, афтæмæй дихгонд æрцыд федералон бюджетæй æхца реставрацион куыстытæн. Уыдон та чысыл хæрдзтæ не сты.

Сергей Филатов нæ бæстæйы зындгонд реставратор-нывгæнæг у. Уый дæсны къухæй æмæ фæлтæрддзинады разамындæй æрцыдысты Мæскуыйы реставраци Кремлы мæсгуыты уазнывтæ. Йæ арæхстдзинад æмæ йæ зонындзинæдтæн аргъ скæнæн дæр нæй. Уæрæсейы Федерацийы рагон æмæ незаманты историон агъуыстыты нывтæ реставраци кæныны хъуыддаджы Сергей Викторы фырт егъау куыстытæ бакодта. Йе ‘ххуыс бахъуыд Ирыстоны дæр. Сергей Нузалмæ ссыд æмæ бавнæлдта, кæддæр, аст æнусы размæ чысыл зæппадзы тлиаг хæдахуыр нывгæнæг кæй скодта, уыцы нывтæ-фрескæтæ реставраци кæнынмæ. Зæгъгæйæ æнцон зыны ацы куыст, фæлæ, нывтæн сæ фылдæр хай æппындæр нал зынынц, иуæй-иутæ та дзы бынтондæр фесæфтысты рæстæджы цыдимæ, къулты сæрстытæ ранæйрæтты æркæлдтытæ кодтой уый тыххæй. Сергей Филатовæн йæ куыст, йæ дæсныдзинад куыд цымыдисаг у, афтæ йæ уды конд æмæ йемæ ныхас кæнын дæр. Ахуыргонд специалисты базыдтам хуымæтæг, уæздан æмæ хæларзæрдæ адæймагæй. Йæ алы ныхас дæр барст кæмæн у, раст хъуыдытæ йæ архайды кæмæн зынынц, ахæм лæг. Сергейы фыццаджыдæр бафарстон, Ирыстоны фыццаг хатт ис, уымæй.

— Дыккаг хатт. Æртын азы размæ уыдтæн Нузалы. Мæнæ ацы чысыл аргъуаны нывты уавæр фенынмæ мæ æрхуыдтой. Уыцы аз дæр æдзæллаг уыдысты фрескæтæ, зæгъæн ис, æмæ «сæфты» уавæры. Диссаг дæр мæм куыннæ фæкаст, уæд, хæххон хъæуы рагзаманты нывтæ фенæн ис, уый. Фæлæ, хорз нал зындысты. Къæвдайы æмæ миты дæттæ хъардтой аргъуаны къулты æмæ сæрст бахъыгдардтой. Цемент знаггад хæссы рагон агъуыстытæн æмæ реставрацийы куыстыты æрмæгæн нæ бæззы. Уыцы аз æз аргъуаны мидæгæй къултæ цементы сæрстæй ссыгъдæг кодтон. Мæ размæ дзы цалцæджы куыст бакодтой «непрофессионалтæ» агуыридурæй, цементæй æнæвгъауæй спайда кодтой, афтæмæй. Æмбарын, фæндыдис сæ бахъахъхъæнын историон хæзна, цæмæй ма ныккæла. Фæлæ, уыцы куыстыты, фыццаджыдæр, æнæмæнг хъуыдис агъуысты сæр бамбæрзын. Уæлæмхасæн конструкци йæ сæрмæ саразын. Æмæ уыцы хъуыддаг мæхæдæг сæххæст кодтон, цы куыст мын бахæс кæнынц, уый æз хъуамæ бæрнонæй æххæст кæнон. Афтæмæй уыцы азæй абоны онг нывтæ аирвæзтысты.

— Сергей, исты зоныс, аргъуаны нывтæ чи скодта, уыцы рагон нывгæнæг чи уыд?

— Ахуыргонд Владимир Кузнецов йæхи иртасæн куыстытæ куы кодта Нузалы аргъуаны тыххæй, уæд сбæлвырд кодта «Бола Тлиаг», зæгъгæ, къухфыст. Чи уыдис, уыцы лæг, уый тыххæй историктæ дæр бæлвырд ницы зонынц. Рагон хæххон хъæу Тлийæ уыдис хæдахуыр нывгæнæг, уымæй дарддæр.

— Къултыл кæй нывтæ скодта, уыдон та чи сты?

— Куыд дзурынц ахуыргæндтæ, афтæмæй нывты сты Цæразонты æфсымæртæ æмæ сыгъдæг удты сурæттæ. Фæлæ, уыцы бæрæггæнæнтæ дæр бæлвырд не сты. Аргъуаны историйы ма бирæ сусæгдзинæдтæ ис, абоны онг чи нæма раргом, ахæмтæ.

— Нæ бæстæйы бирæ рæтты бакуыстай рагон нывтыл. Цы хицæндзинад ис се ‘хсæн. Зæгъæм, Мæскуыйы Кремлы мæсгуытæ, кæнæ Ярославлы æмæ Нузалы аргъуанты нывты?

— Мæнмæ гæсгæ дзы æппындæр ницы хицæндзинæдтæ ис, сурæтты амынд чи цæуы, уыдоны нæмттæй уæлдай. Рагон аразæг æмæ нывгæнæгæн йæ æрмæг дæр æмæ йæ къухвæд дæр иухуызон сты. Цыма сæрмагонд иумæйаг проекттæм гæсгæ арæзтой, афтæ. Мæнæ абон мах аразджытæ куыд пайда кæнынц иу æрмæгæй, афтæ незаманты дæр сæхи æрмæгæй куыстой. Нузалы аргъуаны къулты амад æмæ æрмæгæй сты кæмтты иннæ зæппадзтæ дæр. Ацы аргъуан дæр зæппадз у, уæдæ цы у.

— Нузалы дыууæ мæйæ фылдæр дæ. Цавæр цæстæй дæм ракастысты бынæттон цæрджытæ?

— Тынг хорз нæ суазæг кодтой. Буц нæ дарынц. Ирон чъиритæн сæ ад ацы ран бынтон æндæрхуызон у, хæрзад. Мæскуыйы ахæм къæбæрæй нæ сахуыстон. Хуынтæ нын æрбахæссынц хæдзары æфсинтæ, арфæтæ дæр нын кæнынц. Лæгмæ хорз цæстæй куы ракæсай, уæд дæ балцы нысан дæр æнтыстджындæр рауайдзæн. Фæнды мæ нæхимæ дæр, мæ зæрдæ æхсайы бинонтæм, фæлæ, зонын, æнæниз æнæфыдбылыз сты æмæ мын уый æнцойдзинад дæтты. Хæхбæсты тынг хорз у. Сыгъдæг уæлдæф, æвдадзы хос, нæхимæ та — уымæй хуыздæр.

Сергей ацы хъуыды куы загъта, уæд йæ мидбылты бахудтис, фæлæ нæ алчидæр хорз æмбары, адæймаг кæмфæнды дæр куы уа, уæд фæстæмæ фæкæсфæкæс кæны, йæ зæрдæ йæ хæдзармæ, йæ фыдыуæзæгмæ фехсайы æмæ уыцы æнкъарæн алкæмæндæр йæ туджы ис. Нузалы аргъуаны рагон нывгæнæг Бола Тлиаджы ахуыргæндтæ нæ зонынц...

САУТÆТЫ Тамилæ, газет «Рæстдзинад»