ДЗÆУДЖЫХЪÆУ ÆМÆ АЛАНИЙЫ СТЫРАЛЧЕР ЛЕОНИДЫ КУАДЗÆНЫ АРФÆЙЫ ФЫСТÆГ

ДЗӔУДЖЫХЪӔУ ӔМӔ АЛАНИЙЫ СТЫРАЛЧЕР, СОМИХЫ РЕСПУБЛИКӔЙЫ УЫРЫССАГ РӔСТДИН АРГЪУАНЫ ЗЫЛДТЫ ФӔТКДӔТТӔГ

ЙӔ ИУУЫЛРУХСДЗИНАД ЛЕОНИДЫ

 

КУАДЗӔНЫ АРФӔЙЫ ФЫСТӔГ

 

ДЗӔУДЖЫХЪӔУ ӔМӔ АЛАНИЙЫ ЕПАРХИ ӔМӔ

СОМИХЫ РЕСПУБЛИКӔЙЫ УЫРЫССАГ РӔСТДИН АРГЪУАНЫ ЗЫЛДТЫ ЛӔГГАДГӔНӔГ САУДЖЫНТӔ, ДИАКЪОНТӔ, МОЛАДЗАНТӔ ӔМӔ КУВӔГ АДӔММӔ

 

 

Чырыстийы ӕмдзинады кӕрӕдзийӕн уарзон сауджынтӕ, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ!

Апостолон арфӕйы ӕнустӕм цардӕгас дзырдтӕй уын зӕрдæбын арфӕ кӕнын Чырыстийы Рухсрайгасы стыр бӕрӕгбоны фӕдыл:

ЧЫРЫСТИ РАЙГАС!

 

Чырыстийы Куадзӕн ӕцӕгӕйдӕр у «бӕрӕгбонты бӕрӕгбон ӕмӕ цинты цин». Апостол Петры загъдау: «Чырысти, мах Хуыцаумӕ ӕрхоныны охыл, хъизӕмар бавзӕрста – Йӕхӕдӕг ӕназым уыди, афтӕмӕй азымджынты сӕраппонд амарди уыдоны тӕригъӕдты тыххӕй. Йӕ буар Ын амардтой, фӕлӕ уды ӕгъдауӕй райгас, ӕмӕ афтӕмӕй ацыд ӕмӕ уац хъусын кодта ахст удтӕн» (1 Петр 3: 18-19). Хуыцауы Фырт, дзуарыл амӕлыны онг Йӕхи Чи ӕрныллӕг кодта ӕмӕ Йӕ уд Фыды къухмӕ Чи радта, Уый ныххызти, ӕнустӕй нырмӕ адӕмы удтӕ цы ран джиудтой, уыцы ӕнӕбын дӕлдзӕхмӕ. «Чырыстийы уд зындонмӕ уый тыххӕй ныххызти, цӕмӕй Чырысти, куыд зӕххонтӕн, афтӕ зындоны уӕвджытӕн дӕр фехъусын кодтаид сабырады уац, уацайрӕгтӕн – сӕрибар, куырмытӕн – цӕстӕй ракӕсын ӕмӕ, чи баууӕндыди, уыдонӕн ӕнустӕм суыдаид ирвӕзыны сӕр, ӕнӕуырнджытӕн та се ’нӕууӕнк ӕргомгӕнӕг» (Хрз. Дамаскаг Иуане) Фӕцис мӕлӕты бардарад: «Дауыты дӕгъӕл Кӕмӕ ис, уыцы Сыгъдӕг ӕмӕ Ӕцӕг» (Ӕрг 3:7) бакодта иузӕрдионтӕн фыдӕлты тӕригъӕдӕй ӕхгӕд дзӕнӕты дуар ӕмӕ, мӕлӕтӕй цы удты балхӕдта, уыдоны Йемӕ ӕмбырдӕй Уӕларвмӕ ахуыдта.

 

Ӕгуыппӕг тар ӕхсӕвы хуыцауӕсконд ӕрдзы ӕнцойафон, мыхуырӕй ӕхгӕд Чырыстийы зӕппадзӕй «Рӕстад, тӕмӕнкалгӕ, феккуырста» (Пс 84:12) Ацы ӕнӕфенгӕ ӕмӕ ӕнӕрцӕугӕ диссагӕн ӕвдисӕнтӕ нӕ фӕцис. Ӕмӕ хъӕугӕ дӕр нӕ кодтой – Чырыстийы Аргъуаны истори йӕ райдайӕнӕй нырмӕ у Рухсайгасы ӕцӕгдзинады ӕнӕфӕцудгӕ ӕмӕ ӕнӕнцой ӕвдисӕн. Чырыстийы зӕппадзы зӕххон хъалагъурты сӕр нал хъӕуы – сӕ бынаты сын уӕларв рухс зӕдтӕ ӕрлӕууыдысты. Чырысти райгас и – ӕмӕ ӕгас дунейы ралӕууыди ӕцӕг уалдзӕг, ног царды райдзаст райсом.

Йесо Чырыстийы Рухсрайгасӕй цард фыццаг хатт ӕцӕгӕй фӕуӕлахиз мӕлӕтыл. Мӕлӕтимӕ тоххъуырдухӕн кодта ӕрдз, амӕлӕг удты бынатмӕ ног удтӕ ӕндидзгӕйӕ, йемӕ тох кодтой зонады сгуыхт адӕймӕгтӕ, Скӕсӕн ӕмӕ Ныгуылӕны стыр куырыхонтӕ, фӕлӕ сӕ ничи фӕуӕлахиз ис – куыд алы цард уд, афтӕ уыдонӕн дӕр сӕ кӕрон уыди мӕлӕт, ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ничиуал райгас и. Ӕнӕбон уыдысты йӕ разы иууылфӕрнджын стыр адӕймӕгтӕ, рагфӕдзӕхстаг рӕстудтӕ – уыдон дӕр-иу фыдгӕнджыты ӕмрӕнхъ ныххызтысты зындоны талынг арфмӕ.

Мӕлӕтӕн кӕрон скӕнӕн нӕ уыди, цалынмӕ, дунемӕ кӕй аххосӕй ӕрхауд, уый, ома тӕригъӕд, куынӕггонд ’не рцыди, уӕдмӕ. Ӕмӕ «рӕстӕг куы сӕххӕст и» (Гал 4:4), уӕд тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕн цагъар суӕвӕг дунейы фервӕзыны сӕраппонд фӕзынди, Йе ’ппӕт цардӕй Хуыцауы фӕндон Чи сӕххӕст кодта, Уый –Хуыцауадӕймаг Йесо Чырысти. Чырыстийы зӕххон цард ӕнӕхъӕнӕй уыди хи фесафыны бархи сгуыхтдзинад, Йӕ Уӕларвон Фыд ын Йӕ бӕрны цы хъуыддаг бакодта, уый сӕххӕст кӕныны сӕраппонд. Нӕ фервӕзты Бындурӕвӕрӕг «махау бавзӕрста ӕппӕт фӕлварӕнтӕ, тӕригъӕды йеддӕмӕ» (Дзт 4:15) ӕмӕ уый фӕрцы мӕлӕтӕн дӕр ӕмӕ мӕлӕты ӕлдарӕн дӕр Уымӕй хай нӕ уыдис. Уый сыл фӕуӕлахиз. Уыдон ӕдых разындысты Чырыстийы ӕгӕрон сӕрибар ӕмӕ фӕрнӕйдзаг монон тыхы раз. Мӕлӕты бон канд Чырыстийы уд нӕ, фӕлӕ Чырыстийы буарӕн дӕр ницы баци – «йӕ Буар нӕ бамбыд» (Пс 15:10; Хъд 2:31).

Чырыстийы, куыд Хуыцаудӕймаджы, царды бӕрзӕнд уӕвгӕйӕ, Рухсрайгас у Чырыстийы, Дунеирвӕзынгӕнӕджы, сгуыхты бӕрзӕнд дӕр. Рухсрайгас тӕрсаг кӕсагахсджыты удыхъӕд бынтондӕр аивта, ӕмӕ уыдон систы апостолтӕ, Фарны Уацы ӕнувыд ӕмӕ зӕрдӕргъӕвд амонджытӕ. Дзуарылтыгъд ӕмӕ мӕрдтӕй Растӕг Чырыстийы царды хабӕрттӕ адӕмӕн дзургӕйӕ, уыдон ӕййӕфтой ӕфхӕрд ӕмӕ фыдӕбӕттӕ, фӕлӕ се ’ууӕнчы тыхы фӕрцы дунейыл фӕуӕлахиз сты. Уыдон бамбӕрстой, ӕрмӕст мӕрдтӕй Растӕг Чырыстийы царды кӕй ис ссарӕн дзуапп адӕймаджы моны ахсджиагдӕр домӕнтӕн. Тӕригъӕд адӕмы тыхсаст фӕкодта, ӕмӕ бӕллынц рӕстдзинадмӕ, фарнӕйдзаг сӕрибармӕ, тӕрсынц мӕлӕтӕй – ӕмӕ сын Чырысти гом кӕны бӕллиццаг ӕнӕмӕлӕты дуар. Адӕймаг Чырыстийыл куы ӕууӕнда, уӕд мӕлӕтӕй нал тӕрсы, уымӕн ӕмӕ йе ’ууӕнчы фӕрцы схайджын вӕййы Чырыстийы рӕстаг ӕмӕ ӕнусон цардӕй. Хуыцауадӕймаджы Рухсрайгас махӕн у нӕхи райгасы ӕнӕдызӕрдыг ӕвдисӕн.

Фервӕзыны бӕллиц канд адӕймагмӕ нӕй: фыдбылызӕй фервӕзын ӕмӕ ӕнӕмӕлӕт суӕвыны хъуыды тӕлфы нӕ алыварс ӕрдзы дӕр. Хуыцау цы ӕгъдау радта, уый адӕймаджы тӕригъӕды аххосӕй куы фехӕлд, уӕдӕй фӕстӕмӕ дун-дуне фӕиппӕрд и раст фӕндагӕй ӕмӕ хъизӕмар кӕны, ӕнхъӕлмӕ кӕсы Чырысти Йӕ Рухсрайгасӕй ӕгас дунейӕн фӕндаг кӕдӕм скодта, уыцы кады Паддзахады ӕрцыды стыр бонмӕ.

«Чырысти райгас!» Уыцы цинӕфтауӕг ныхӕстӕй абон кӕрӕдзийӕн салам дӕтгӕйӕ, мах нӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕм Куадзӕны рухс ӕмӕ нӕ рох кӕнӕм нӕ зӕххон царды арф мидис ӕмӕ бӕрзонд нысан. Табуйы ӕнкъарӕнтӕ нын фидар кӕнынц не ’ууӕнк ӕмӕ нӕ ныфс, разӕнгард нӕ кӕнынц Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрынмӕ ӕмӕ нӕ бинонтӕн, нӕ адӕмӕн, нӕ Фыдыбӕстӕн удуӕлдай лӕггад кӕнынмӕ.

Ногӕй ӕмӕ уын ногӕй арфӕ кӕнын Рухс Куадзӕны бӕрӕгбоны фӕдыл! Хуыцау уын балӕвар кӕнӕд Йе стыр ӕххуыс уӕ хорз хъуыддӕгты, раттӕд уын ӕнӕниздзинад, сабырдзинад ӕмӕ фӕрныг цард. Мӕрдтӕй Растӕг Чырыстийы арфӕ уӕд махӕй алкӕй дӕр, нӕ хӕдзӕртты ӕмӕ бинонты, бӕстӕты ӕмӕ адӕмты!

 

 

Ӕцӕгӕй райгас и Чырысти!

 

 

Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Аланийы стыралчер,

Сомихы Республикӕйы Уырыссаг Рӕстдин Аргъуаны зылдты фӕткдӕттӕг

ЛЕОНИД

 

Чырыстийы Куадзӕн

2018 аз

Дзӕуджыхъӕу