Сыгъдæг Георгийы номыл бакастыты резолюци «Чырыстон дин. Этнос. Культурæ»

Сыгъдæг Георгийы номыл бакастытæ «Чырыстон дин. Этнос. Культурæ» баст сты Джеогуыбайы  гъе, Уастырджимæ кувæн къуырийы бæрæгбонимæ. Уыцы бонты  адæм уæлдай зæрдиагдæрæй фæкувынц Ирыстоныл уæларвæй аудæг, бирæхъизамаргæнæг Уæлахизхæссæг Сыгъдæг Георгимæ. Бакастыты архайджытæ куыд загътой, афтæмæй:

  1. Алайнаг адæмы царды Чырыстон дин ахста сæрмагонд бынат. Уыдон Зæрдæвæрæны хабар (Благую весть) фыццагхатт фехъуыстой апостолты æнусы. X æнусы райдайæны  систы ныгуылæны чырыстон дунейæ æнæфæхицæнгæнæн хай. Уымæн уыд хорз фæстиуджыты нысаниуæг, уыимæ Уæрæсейы хорзæн геополитикон равзæрст – Византийаг империйы æххæстбарджын;
  2. Диныкусджыты, ахуыргæндты, паддзахадон æмæ æхсæнадон кусджыты цæлхæмбырдæй ныхас  нымайынц ахсджиаг хъуыддагыл. Уæлдайдæр та, республикæйы сæйраг уæлдæр ахуыргæнæндон, Цæгат Ирыстоны  Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты бæстыхайы куы уой, уый;
  3. Сбæрæг кодтой алайнаг адæмы хъæздыг культурæ бахъахъхъæныны æмæ йæ сфæлдыстадон райрæзты  стыр  нысаниуæг. Уым чырыстон диныл уырнынады рухсимæ баиу сты скифаг æмæ индоирайнаг дуне;
  4. Фæнысан кодтой, Алайнаг Чырыстондзинад сæндидзын кæнын æмæ йæ бахъахъхъæнынæн  кæй ис стыр нысаниуæг. Уыцы хъуыддагмæ  æрмæст религиозон цæстæнгасæй кæсын нæ хъæуы, фæлæ куыд культурон-историон феномен, афтæ. Уымæн аргъуаны мидхъуыдыйæ   арфдæр нысаниуæг ис æмæ уый аккаг у, цæмæ йæм сæ хъус æрдарой æмæ ацы ахсджиаг фарстамæ хъуыддагæй фæкæсой паддзахады кусджытæ æмæ нæ бирæнацион республикæйы бæрнджын минæвæрттæ;
  5. Зæгъынц, цæмæй  Чырыстон дины Уырыссаг  Аргъуаны фæстæмæ сног уа бирæ æнусты размæ цы  церковон традици уыд, уый (йæ  фæд бæрæг дары Алайнаг епархийы архиерейы титулы дæр) æмæ  Чырыстон дин суа Аланийы историйы ног фæлтæры райдайæн.
  6. Æвдисæндариуæг кæнынц Республикæ  Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ  Цæгат Ирыстон-Аланийы   адæмы иудзинад, Аланийы дыууæ хайы æмбарджын æмгуыстад национ, культурон æмæ религиозон райрæзты фарстатыл кæй у уæрæх авналæнты хъуыддаг;
  7. Амонынц, Чырыстон дины Уырыссаг Аргъуан алайнаг (ирон) национ скъола сæндидзын кæнынмæ стыр æвæрæн кæй бахаста;
  8. Уырнинагæй ныфс дæттынц, аргъуаны æрвылбоны царды бакуывттытæ ирон æвзагыл куы уой, уæд стыр  ахъаз  кæй æрхæсдзысты ирон æвзаг  æмæ ирон музыкалон культурæ бахъахъхъæнынæн æмæ йæ  райрæзтæн. Уый Чырыстон дины кусджытыл æвæры ноджы стырдæр  хæс, уымæн æмæ уырыссаг æвзагæй ратæлмац кæнын хъæуы тексттæ, сæ музыкалон интерпритацитæ. Бацæттæ кæнын хъæуы домæнтæн дзуапп чи дæтта, йæ цæттæдзинад бæрзонд кæмæн уа, ахæм сæрмагонд кадртæ;
  9. Загътой, Сыгъдæг Фысты Зæронд Фæдзæхст æмæ Ног Фæдзæхсты фыццаг æххæст æмбырдгонды тæлмæцгæнæн куыстытæ кæронмæ ахæццæ кæнын æмæ сæ мыхуыры рауадзыны ахсджиаг куыстæн цы стыр иумæйаг националон ахадындзинад æмæ нысаниуæг ис, уый тыххæй;
  10. Зæрдæрухсæй фæнысан кодтой Аргъуан, паддзахад æмæ æхсæнады æмгуыстад Аланийы фыдæлтæй баззайгæ культурон хæзнатæ – цыртдзæвæнтæ  бахъахъхъæнын, æмæ сæ адæмæн зонын кæныны нысан. Ацы нысаны фæдыл ныронг цы ахсджиаг мадзæлттæ арæзт  цæуы, уыдон ын ахъаз фесты, сидынц нæм дарддæры иумæйаг æмгуыстадмæ цæмæй бахъахъхъæнæм нæ культурон хæзнатæ æнæ конфессионалон дихдзинæдтæй.  Хъуыддагæн пайда уаид сæрмагонд профилон фонды æххуыс дæр;
  11. Алайнаг историйы фæдыл аивадон  нывты равдыстытæ чи скæна, уыдонæй уыдзысты бузныг. Равдысты архайджытæн  фыццаджыдæр ахъаз фæуыдзæн ирон нывкæнынады скъоламæ  æнцондæрæй фæлварæнтæ раттын æмæ нырыккон æхсæнады сфæлтæрддзæн патриотон хъомыладимæ;
  12. Ныхас цыд зындгонд архиолог, этнограф, ирон адæмы цард иртасæг Е.Г. Пчелинæйы æвæрæнтæ бахъахъхъæнын, равзарын æмæ сæм хъæугæ цæстæнгас æрдарын цæмæй  æрмæджытæй фидæны пайда кæной  наукон иртæстыты рæстæг; 
  13. 1917 азы октябры цаутæй сæдæ азы рацыды мысæн боны къæсæрыл  зæрдыл дарын кæнынц, сæйрагдæр кæй у адæмы ‘хсæн хæлардзинад, кæрæдзийы ‘хсæн æмбарынад бахъахъхъæнын æмæ сидынц,  барвæндонæй кæй фæнды уыдонмæ семæ æмгуыст кæнынмæ. Чи цавæр религиозон кæнæ политикон  ахасты ис, ууыл ма хъуыды кæнæд, афтæмæй;
  14. Æрдзырдтой, Аланийы Аргъуыдæй абонмæ 1100 азы кæй рацыд, уый кæй у  стыр историон цау  æмæ йæ сбæрæг кæнынæн  хъæуы аккаг уагыл. Юбилей сбæрæг кæныны нысан у,  йæ уидæгтæ æнусты сæрты арф кæмæн ацыдысты, уыцы культурæ æмæ традициты историон æцæгдзинад сфидар кæнын æмæ нæ дарддæры куыст ноджы æнтыстджынæй æххæст кæнын.